Республикæйы ныртæккæ сæкæрнизы хосты хъуыддаг фæхуыздæр
Цалдæр мæйы размæ социалон хызæгты апарахат, сæкæрнизы ныхмæ хостæ кæй нæй, уый тыххæй хъусынгæнинаг. Афтекты хъæугæ препараттæ ссарӕн зын уыд. Фæстаг хатт сæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, райстой декабры. Фæнысан кодтой, уыцы уавæр нывылгонд кæй æрцыд æмæ куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг хостæй цухдзинад кæй нал ӕййафы республикӕ, уый.