Дзанайты Барис Мæскуыйы фембæлд Магомед Абдулхалимовимæ
Социалон къабазы райрæзт, федералон программæты архайд, республикæйы ахсджиаг объектты арæзтад. Ацы фарстатыл Мæскуыйы Дзанайты Барис æрныхас кодта Уæрæсейы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министры хæдивæг Магомед Абдулхалимовимæ. Дзанайты Барис фæнысан кодта, Цæгат Ирыстоны 2024-æм азы æххæст кæнынц къорд мадзæлттæ социалон программæты хыгъды сæ иумæйаг аргъ 16,4 млрд сомы. Фæрæзтæ æрвыст æрцæудзысты Беслæны теракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн, социалон контракттæн, сывæллæттæн фиддонтæн, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады субсидитæн цæрджыты хицæн къордтæн. Стыр æргом ма здæхт цæуы ацæргæ адæммæ æмæ инвæлидтæм кæсыны системæмæ. Йæ саразанæн 2026-æм азмæ бахъæудзæн 1,3 млрд сомы. Ныхас ма цыд инфраструктурæйы модернизацийыл дæр. 2025-2027-æм азты республикæйы хицауад балæвæрдта хъæугæ документтæ социалон хъахъхъæнынады къабазы ахсджиаг объектты фæдыл. Нæ республикæйы цæуы егъау куыст федералон центры æххуысæй, фæнысан кодта Дзанайты Барис.