Акци «Собери ребенка в школу»
Уæрæсейы скъоладзауты змæлды архайджытæ нæ республикæйы фæллойады æмæ социалон рæзты министрады минæвæртты хъæппæрисæй бацæттæ кодтой акци «Собери ребенка в школу», - зæгъæ. Арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы. Змæлды архайджытæ сæ разамонæгимæ биноныгæй бацæттæ кодтой сæхи ацы бонмæ. Рагагъоммæ бакуыстой сæ сайтыл, стæй баныхас кодтой дуканитимæ, цæмæй сын радтой скъоладзауы хъæугæ кусæнгæрзтæ. Ахуырдзаутæ та бирæсывæллонджын, стæй фæкæсинаг цы бинонтæ сты, уыдонæн æрæмбырд кодтой хызынтæ хъæугæ мигæнæнтимæ, стæй уæлæдарæс дæр. Уымæй уæлдай ма сын бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, акцийы сæйраг нысан у - фæкæсынцух бинонты скъоламæ срæвдз кæнын. Мæргъиты Жаннæ, Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады координатор: «Мах змæлд ныр цыппæр азы дæргъы цæттæ кæны ацы акци. Не ‘змæлды цы сывæллæттæ архайынц, уыдон, иууылдæр, сты скъоладзаутæ. Æнæмæнгæй, бæстон бакуыстой. Сæхæдæг цыдысты дуканитæм æмæ æмбырд кодтой скъоладзауæн хъæугæ дзаумæттæ. Акцийы минæвæрттæ сты, уый базонгæйæ, дуканитæ сын сæ лæвар кодтой. Ныртæккæ ам ныййарджытæ кæй ис, уый ууыл дзурæг нæу, æмæ сæ сывæллæтты скъоламæ бацæттæ кæнын нæу. Фæлæ сæм фæкæсын хъæуы». «Фыццагкъласонæн лæвар», ахæм акци дæр сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Хæрзаудæн мадзал сарæзтой горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисы хъæппæрисæй. Ахуырадон азы райдианмæ лæвæрттæ райстой фæкæсын кæмæ хъæуы æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй чи у, ахæм сывæллæттæ. Кадджын мадзалмæ администрацимæ фæхуыдтой 150 бинонтæ. Æдæппæтæй материалон æххуысы бæрц - 600 мин сомы. Æлбегаты Барис арфæ ракодта скъоладзаутæн сæ царды ног къахдзæфимæ. Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ материалон æххуыс администрацийæ у ахадгæ æмæ хъæугæ. Скъоламæ цæттæгæнгæйæ ныр уыйас хæрдзтæ нал баййафдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Акци «Собери ребенка в школу»
Категория:
Новости и СМИ