Владимир Путин Уæрæсейы Федералон Æмбырды уæнгтæм фæсидт йе`рвылазон ныстуанимæ
Скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты сывæллæттæн хъæуы аразын фылдæр бынæттæ. Уæрæсейы президент Владимр Путин регионалон хицауадæн бабар кодта уыцы хъуыддагыл бакусын. Нæ бæстæйы ахуырдзауты нымæц ацы аз у 19 милуан скъоладзаумæ ввахс. Ног бæстыхæйттæ аразынæй уæлдай ма хъæуы, цы ис уыцы инфраструктæйæ дæр, раст пайда кæнын. Президент ма бахаста бюджетон бынæттæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты фæфылдæр кæныны хъæппæрис. Уæлдайдæр уый хауы ахуыргæнджытæ, дохтыртæ æмæ инженертæ кæм нæ фаг кæны, уыцы регионтæм. Уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырадон системæйыл хъæуы хицæнæй бакусын - фæнысан кодта Владимир Путин. Федералон æмбырды уæнгтæм, йе `рвылазон ныстуанимæ президент фæсидт медицинон дæсныйæдтæм ахуыр кæнынмæ исыны фæткæвæрд фæхуыздæр кæнын. 2024 -æм азмæ медицинон къабаз хъуамæ уа ифтонг дæсны специалисттæй. «Лечебное дело» дæсныйады бюджетон бынæттæн сæ 70% суыдзысты паддзахад кæй снысан кодта ахæмтæ, «педиатрия» дæсныйадæн та сæ 75%. Квотæтæ араздзысты регионты курдиæттæ хынцгæйæ. Уыимæ фидæны рауагъдонтæн регионты хъуамæ уа куыст ссарыны фадат. Реформæ сахаддзæн ординатурæйыл дæр. Специалисттæ кæм нæ фаг кæны уыцы дæныйад райсынæн та паддзахад кæй снысан кодта, ахæм бюджетон бынæтты нымæц хъуамæ суа 100%. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Владимир Путин Уæрæсейы Федералон Æмбырды уæнгтæм фæсидт йе`рвылазон ныстуанимæ
Категория:
Новости и СМИ