25-æй майы Цæгат Ирыстонæ райдайдзæн сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани
Райсом райдайдзæн сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани. Ацы аз сывæллæтты фæллад уадзынæн республикæйы бюджетæй радих кæндзысты 240 милуан соммæ ввахс. Канинкулты сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитдзысты 36 мин сывæллоны. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæлдай æргом аздахын хъæуы царды зын уавæрты чи бахауд æмæ йæ æнæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыцы æнахъомтæм, æфсæддонты, мобилизацигонд чи æрцыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны сывæллæттæм. Сау денджызы был сæ фæллад суаддзысты 2 мин сывæллонæй фылдæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, фæсивæдимæ хъуамæ кусой фæлтæрдджын дæснытæ, уæлдæр ахуырад æмæ æмбæлгæ гæххæттытæ кæмæ ис, ахæмтæ. Уымæй уæлдай ма къордтæ хъæуы рагагъоммæ æмбырд кæнын, цæмæй сабитæ æмбæлгæ медицинон справкæтæ афоныл райсой.