Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл уыди тæрхондоны радон æмбырд
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл уыди тæрхондоны радон æмбырд. Абон, фæткмæ гæсгæ, кастысты уголовон хъуыддаджы æрмæджытæм. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй уыцы куыст кодтой уый размæ цы æмбырд уыди, уым дæр. Æркастысты уголовон хъуыддаджы æрмæджыты 16 хаймæ. Абон та ныхас кодтой 17-ыл.Федтой, азымджын кæй кæнынц, уыдоны æвдисæндартæм æмæ медицинон гæххæттытæм. Уыимæ ма æркастысты Датиты Сослан, Ситохаты Сослан æмæ Шота Майсурадзейы куыстæй рафыстытæм. Æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодтой, азымджынтæ куысты домæнтæ куыд хъуамæ æххæст кодтаиккой, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл уыди тæрхондоны радон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ