Беслæны маршрутон такситы æмæ хи хæдтулгæты шофыртæ фæныхмæ сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

9 лет назад

Беслæны æгуыст æмæ `вдæлон шофыртæ маршрутон такситы хæстæ байстой. Адæмы ласынц маршруткæты аргъæй – 15 сомæй. Беслæны цæрджытæ дæр сæм ныххæррæтт кодтой. Маршрутон такситы шофырты зæрдæмæ уый нæ фæцыд æмæ ныр абухынц. Зонынц æй, закъон сæ фарс кæй хæцы, уый. Беслæны администраци ивартæ иу иннæйы фæдыл рафыссы, фæлæ хæдтулгæты шофыртæ къæрттæй цъула не `ппарынц. Тохы бацыдысты суанг нæ республикæйы транспорты министрад æмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ. Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр бынаты балæууыдысты. Цы федтой, уый нæ дарддæры æрмæджы. Фæндаггон гæххæттытæ, куысты размæ машинæмæ базилын æмæ абалц кæнын. Ацы лыстæг хъуыддæгтæй Беслæны вокзалы шофыртæ райдайынц сæ куыст. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фиддонтæ афоныл бафидынц, фæлæ бæлцæттæ фаг нæй. Шофыр Черчесты Æхсарбег: «Вокзалæй рацæуæм æрдæг дзæгтæй.Æрмæст изæры рдæм  адæм фæцæуынц сæ хæдзæрттæм чи куыстæй,чи ахуырæй,амæ уæд маршруткæ байдзаг вæййы.Анæуи та нæм цыппар-фондз адæймагæй фылдæр нæ вæййы.Кæд-ма фæндагыл исчи сбада,уæд хорз». Фæндагыл бæлцæттыл сæмбæлын дæр тынг зын у. Маршрутон таксимæ æнхъæлмæ кæсыны бæсты абадынц таксийы. Уый дæр сæ маршруткæйы аргъæй фылдæр нæ исы. Барæй! Сæ бæрц такситæн бирæ у, стыгуыр вæййынц дуканиты цур æмæ уый та уæйгæнджыты знæт кæны. Хъаст æмæ хъыллист кæнынц, фæлæ уавæр нæ ивы. Дуканийы хицау Кадиты Заремæ: «Æрæджы бафыстон дыууын мин сомы.цæмæй мын мæ бахизæнтæ асфальтæй бамбæрзой,æмæ ме лхæнджытæн сæ бон машинæйыл мæ дуканийы дуармæ сæ бон бацæуын уа.Фæлæ ницы.Цы ма кæнон,нæ зонын.Райсомæй дзул ласæгæн йæ бон дзул баласын нæ вæййы». Закъонхалджытимæ æппындзух тох кæнынц. Пъæлицæйæгтæ саразынц сæрмагонд рейдтæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ алкæмæдæр ис хъæугæ гæххæттытæ, фæлæ уый фаг нæу. Нæй сæм æмбæлгæ хосты къопп, æмæ уымæ гæсгæ бахъуаджы рæстæг сæ бон бæлццонмæ фæкæсын нæ уыдзæн. Беслæны цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Баймæтаты Альберт: «Ис ахæм адæймæгтæ, æмæ йæ машинæйыл 15 номыр, зæгъгæ, батъæпп кæны. Афтæ сæм кæсын райдайы, цыма сын уæд алы бар дæр фæзыны. Афтæмæй та адæмы хъуамæ ма ласой. Алцæмæн дæр ис закъон æмæ йæ халæн нæй». Шофыртæ сæхæдæг кæсæгтау багоби сты. Ивартæ та сæм хъыдзыйау кæсынц - ахудыны хос. Уавæрмæ æркæсдзысты транспорт æмæ промышленносты министрады минæвæрттæ. Гæнæн ис, æмæ ныр фенкъуыса. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Беслæны маршрутон такситы æмæ хи хæдтулгæты шофыртæ фæныхмæ сты

Категория:

Новости и СМИ