Туаты Русланы фыст ирон æгъдæуттæ
Нæ бæстæйы цæуы сывæллæтты чиныджы æппæтуæрæсеон къуыри. Йæ фæлгæты культурон-рухстауæн фонд «Родная книга Осетии» сарæзта æхсызгон мадзал. Дзанайы-фырты уынджы чингуыты дуканийы нæ республикæйы библиотекæтæн байуæрстой Туаты Русланы чиныг «Ирон æгъдæуттæ». Зæгъын хъæуы уый, æмæ акци сæххæст кæнынмæ æхцайæ фæкаст президенты грантты фонд. Æхсызгон уый у, æмæ чингуыты дуканимæ адæмæй къах бавæрæн дæр нæ уыд. Чиныг рауадзыны хъуыды кæд фыццаг Русланмæ фæзынд, уæддæр йæ фарсмæ æрбалæууыдысты, кæмæ фæсидт, уыцы адæм. Иууылдæр сты, ирон æгъдæуттæ хорз чи зоны, ахæмтæ. Уыдон ын йæ куыстæн æмбæлгæ аргъ скодтой. Туаты Руслан: «Ирон адæм цæмæй хуыздæр кæрæдзицы æмбарæй, нымайой. Нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ сæфт ма уой, уымæ гæсгæ æрхъуыды кодтам ацы чиныджы рауагъд. Æмæ дзы баиумæ кодтам сывæллонæн йæ райгуыржъдæй йæ амæлæты онг. Æмæ Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд æмæ сæдæ азæй раздæр мачи макæй цардæй хъæуæд. Фæлæ цæмæй алы æгъдау дæр дзы уа.Адæм кæрæдзийы ма фæрсой». Ацы чиныг рухс кæй федта, уый Национ музейы археологийы хайады сæргълæууæг Хъантемыраты Эльбрусæн æхсызгон у. Чиныгдæттыл кæй апарахат ис, уый йæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд. Скъолаты ирон æгъдæуттæ ахуыр кæнынæн бирæ сахæттæ лæвæрд нæй. Иуæй-иу скъолаты та ахуырадон предметты номхыгъды уæвгæ дæр нæй. Сывæллонæн ирон æгъдау суанг авдæнæй фæстæмæ амонын хъæуы, фæстæдæр уыцы фæтк ис скъолайы къухы. Уымæ гæсгæ скъолаты Туаты Русланы чиныг кæй фæзындзæн, уый Эльбрус нымайы æнтыстдзинадыл. Кæстæр фæсивæдæн цы лæвар скодта, уыцы хъуыддаг та – фæзминагыл. Национ музейы археологийы хайады сæргълæууæг Хъантемыраты Эльбрус: «Хистæр цы дзуры нæ, фæлæ ма цы кæны сæйрагдæр уый у. Æмæ хистæр хъуамæ фæсивæды хъомыл кæна, цæмæй йæ фæзмыной». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Туаты Русланы фыст ирон æгъдæуттæ
Категория:
Новости и СМИ