Фæдзæхст бынæттæ фæзындзысты Хуссар Ирыстоны Ленингоры æмæ Знауры районты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Фæдзæхст бынæттæ фæзындзысты Хуссар Ирыстоны Ленингоры æмæ Знауры районты. Уый тыххæй бардæттæн проект сфидар кодтой хицауады æмбырды. Экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты сæрдар Бестауты Бала куыд бамбарын кодта, афтæмæй уый хъæуы, хъæддаг сырдтæ паддзахадон фæдзæхст бынатæй æндæр районтæм кæй ивынц сæ бынат, уый тыххæй. Уыцы ног бынæтты сын тæссаг у цуанæттæй. Фыдблызтæ ма бауадзыны тыххæй, профилон комитеты разамонæг бахатыд, сырдтæ цы районтæм ралыгъдысты, уым фæдзæхст бынæттæ саразын. Уымæй уæлдай ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм зонæтæ пайда уыдзысты æрмæст сырдтæн нæ, фæлæ ма дзы цы стæм бæлæстæ зайы, уыдон бахъахъхъæнынæн. Зæгъæм, Знауры районы, Нагунты комы, специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ис субтропикон зонæ. Зайынц дзы арæх чи не`мбæлы, ахæм бæлæстæ æмæ зайæгойтæ. Хаст сты Хуссар Ирыстоны Сырх Чиныгмæ. Афтæмæй та уыцы стæм зайæгойтæ æнæзакъонæй æрдзхалджытæ калынц æмæ сæ цæгъдынц. Цы цæугæдæттæ дзы ис, уыдон дæр хъæздыг сты æрдзон æвæрæнтæй. Уыдон дæр хъæуы хъахъхъæнын, бафиппайдта Бестауты Бала.   _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæдзæхст бынæттæ фæзындзысты Хуссар Ирыстоны Ленингоры æмæ Знауры районты

Категория:

Новости и СМИ