Джыккайы-фырты номыл уынджы ног сывæллæтты рæвдауæндонмæ сабиты исын райдыдтой
Æрæджы республикæйы цы егъау сывæллæтты рæвдауæндон фæзынд, уырдæм сабитæ исын райдыдтой. Ныртæккæ дзы ис 140 хъомылгæнинаджы. Æдæппæтæй та дзы бынат ис 280 сабийæн. Сывæллæттæн скодтой æппæт хъæугæ уавæртæ. Ис сын бассейн. Сывæллæтты рæвдауæндоны разамынд куыд зæгъынц, афтæмæй ацы микрорайоны сабиты рады лæууын нал хъæудзæн. Ныртæккæ сæрдыгон рæстæг сабитæй бирæтæ рæвдауæндонмæ нæ цæуынц. Фæткмæ гæсгæ кусын райдайдзæн 1-æм сентябры. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм сывæллæтты рæвдауæндон аразын райдыдтой ивгъуыд аз федералон программæйы фæлгæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Джыккайы-фырты номыл уынджы ног сывæллæтты рæвдауæндонмæ сабиты исын райдыдтой
Категория:
Новости и СМИ