«Южные ворота», зæгъгæ, 5-æм æппæтадæмон форум райдыдта Цæгат Ирыстоны
«Южные ворота», зæгъгæ, 5-æм æппæтадæмон форум райдыдта Цæгат Ирыстоны. Архайынц дзы нæ республикæйы æмæ фæсарæйнаг куыстутæтты минæвæрттæ. Уыдон, равдысты хуызы, адæмы рæгъмæ раххæсдзысты сæ продукци. Мадзалы программæ у бирæвæрсыг. Æмбырды архайджытæ æрныхас кæндзысты æмгуыстады фарстатыл. Ныридæгæн цавæр хатдзæгтæм æрцыдысты æмæ бакусын цæуыл хъæуы, уый тыххæй базондзыстæм нæ уацхæссæгæй. Ныртæккæ бынаты кусы не `сфæлдыстадон къорд. Комкоммæ бастдзинады фæрцы нын фылдæр информаци радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ. Алинæ, дæ бон хорз. Форумы куыд цæуы? Абон зонадон чиныгдоны æрбамбырд сты æппæтдунейон экономикон форумы архайджытæ. Форумы программæ у бирæвæрсыг. Райдыдта сæ продукци фæсарæнтæм цы ирыстойнаг æмæ ирайнаг куыстуæттæ ласынц, уыдоны продукцийы равдыстай. На республикайы куыстуатта Равардтой алыхуызон продукци. Уалаларас, куклата, косметика? Бетон уалдайдар фидар чи каны, ахам афтауанта, портативон хъармгананта, конвекторта ама бира андарта. Ирайнаг делегацийы минавартта дар са продукциима форумы архайджыты базонга кодтой. Форумы архайынц фыццаг хатт. Форумы дзауджыхъауы цауы 5-æм хатт. Азай азма йа архайджыты нымац каны фылдар. Ацы хатт дзы архайынц делегацита Цацан, Дагестан, Азербайджан, Хуссар Ирыстон, Белорусси, Хъарасе, Касаг- Балхъарай. Форуман йа сайраг хас у экономикон ама базарадон бастдзинадта регионта ама бастаты хсан фидардар канын. Форумы архайджыта пленарон æмбырды æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны базарадон æмæ экономикон бастдзинадыл Цæгат Кавказы федералон зылд Фæскавказ æмæ Хæстæг хурыскæсæны регионтимæ. Сæ рæзтыл куыд бакусын хъæуы. Æмбырды райдыдта нæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбек. Куыд фабараг кодта, афтамай форуман ис стыр ахадындзинад. Экономикон рæзты фарстатæм йе ргом аздæхта бæрнон министрады сæргълæууæг Томайты Хъазыбег. Форумы уазджыты хсан - Уарасейы базарадон промышленон палатайы президенты уынаффаганаг Георгий Петров. Ардзырдтв Фæсарæнтæм йæ продукци цы куыстуæттæ ласынц, уыдонæн æнæпаддзахадон æххуыс куыд бакæнæн ис, стæй æмбæлгæ инфраструктурæ саразыны тыххæй. Цæгат Кавказы базарадон æмæ промышленон палатæты æмгуыстады фарстатыл æрдзырдта нæ республикæйы базарадон-промышленон палатæйы президент Тугъанты Хъазыбег. Уæлдай фæбæрæг кодта, куыд фæхуыздæр гæнæн ис экспортон гæнæнтæ. Форум аразт у на республикайы амалхъом адаман аххуысы фонд, базарадон - промышленнон палата, стай уарасе ама цагат ирыстоны экономикон разты министрадты аххуысай Дарддæр ма форумы архайджытæ æрныхас кæндзысты туризм, транспортон æмæ логистикон къабæзты рæзтыл. Дзурдзысты агропромышленон комплексы нырыккон технологиты тыххæй. Цавæр хатдзæгтæм æрцæудзысты, уый уын фехъусын кæдзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Южные ворота», зæгъгæ, 5-æм æппæтадæмон форум райдыдта Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ