Горæты æмæ республикæйы бонмæ арæзт мадзæлттæ

Горæты æмæ республикæйы бон Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæм æнхъæлмæ кæсы дæсгай мадзæлттæ æмæ тематикон фæзтæ. Бæрæгбоны мадзæлттæ ацæудзысты ацы фæлладуадзæн бонты 23-æм æмæ 24-æм сентябры. Цы хуызы ацæудзысты, уый тыххæй журналисттæн радзырдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы. Программæ фæцыбыр кодтой бæстæйы сæвзæргæ уавæры тыххæй. Егъау концерттæ æмæ салюттæ арæзт нæ уыдзæн. Терчы былгæрон кусдзысты фæзтæ, уыдонæй бирæтæ, традицимæ гæсгæ, баст уыдзысты национ тематикæимæ. Ирон чъириты фестиваль, хъæууонхæдзарадон армукъатæ. Фыццаг хатт арæзт æрцæудзæн грилы фестиваль дæр. Фæзуат кусдзæн хуыцаубоны райсомы 11 сахатæй изæры 5 сахатмæ. Сæрибардзинады фæзы ацæудзысты спортивон ерыстæ, рамбулæн дзы уыдзæн зынаргъ лæвæрттæ. Сабырдзинады проспекты уазджытæн оперон зарæггæнджытæ концерттæ акæндзысты Националон музей æмæ Фæсивæдон чиныгдоны тыргътæй. Æмæ ууыл цымыдисаг программæ нæ фæуыдзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 467 подписчиков
12+
25 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии