Пресс-конференци æвзæрстыты хатдзæгты фæдыл
Цæгат Ирыстоны хъæлæс кæныны бонты архайдтой æвзарджыты 65 проценты. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй уый у бæрзонд бæрæггæнæн. Абон дзы скодтой хъæлæс кæныны бонæн хатдзæгтæ. Районты æвзæрстой минæвæртты æмбырдты депутатты æмæ хъæуты сæргълæуджыты. Архайдтой дзы фондз политикон партийы. Цыппарæй дзы райстой 116 депутаты мандаты: «Иугонд Уæрæсе» 96, фæйнæ 8-ы «Уæрæсейы Федерацийы коммунистон парти» æмæ «Родина», 1 ис парти «Рæстдзæвин Уæрæсе – Патриоттæ – Рæстдзинадыл»-мæ æмæ æртæ та хи хъæппæрисджынтæм. Æвзæрстыты цыдмæ сæ хъус дардтой 347 цæстдарæджы, хъæлæс кæныны дыууæ бонмæ хъæстытæ нæ фæнысан кодтой. 38 æвзарæн къамисы фыццаг хатт архайдтой Уæрæсейы центрон къамисы пилотон проект «Мобильная УИК»-ы. Сæрмагонд уæлæфтуаны руаджы цæрджыты хибарæй зонгæ кодтой æвзæрстыты тыххæй информациимæ.