Хуссар Ирыстоны байгом кодтой Джусойты Нафийы цыртдзæвæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Хуссар Ирыстоны байгом кодтой зындгонд ирон фыссæг, поэт æмæ æхсæнадон кусæг Джусойты Нафийы цыртдзæвæн. Информацион агентад «Рес» куыд хъусын кæны, афтæмæй мадзал арæзт æрцыд абон национ пантеоны. Архайдтой дзы республикæйы разамынд, æхсæнад æмæ Цæгат Ирыстонæй уазджытæ. Скульптурæ сæвæрдтой фыссæджы ингæныл национ пантеоны. Йæ бæрзæнд у 2 метрмæ `ввахс. Арæзт у, цыма Нафи дыууæ æмæ `рдæг бæрзæндæн чиныджы монументы цур лæууы, афтæ. Чиныджы иу фарсы бæрæг дары, фыссæг цы хъæуы райгуырд, уый. Иннæ сыфыл та Нафийы æмдзæвгæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ цыртдзæвæн аразын райдыдтой ивгъуыд азы сæрды. Ныртæккæ дзы куыстытæ фесты. Цыртдзæвæны эскизы автор у скульптора Бекъойты Алан. Куыд загъта, афтæмæй скульптурæ æнæхъæнæй дæр арæзт у бронзæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны байгом кодтой Джусойты Нафийы цыртдзæвæн

Категория:

Новости и СМИ