Хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны фæзындзæн транспортон картæтæ
Хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны фæзындзæн транспортон картæтæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой дзуапдæттæг комитеты. Спайдагæнæн уал сæ уыдзæн дыууæ маршрутыл - Дзæуджыхъæу-Алагир æмæ Дзæуджыхъæу-Беслæн. Ног автобустæ цæуынц ацы маршруттыл. Ифтонг сты фæндаггаг фидынæн автоматикон системæйæ. Фидæны фæндаггагæн бафидæн уыдзæн æхсæнадон транспорты æппæт хуызты. Ныридæгæн дизайн у бæлвырдгонд. Нывыл уыдзæн Цæгат Ирыстоны контур.