Цæгат Ирыстоны базардон экономикон техникумы æвзарынц хуыздæр бæгæныфыцджыты
Цæгат Ирыстоны базардон экономикон техникумы радон конкурс. Хъуамæ ахуыргæнæндоны студентты 'хсæн равзарой хуыздæр бæгæныфыцæджы. Кæмæн хуыздæр рауайдзæн, уый та сфæлхат кæндзысты ацы къуырийы кæрон. Уыимæ ма дзы райсом ацæудзæн Нарты хъæзтыты æмæ национ æрмдæсныты конд дзауматы ерыстæ. Уыимæ ма майрæмбоны бацæттæ кæндзысты тематикон стъол, ирон уæлибæхты æмæ бæрæгбоны куывтыты конкурстæ дæр. Ацы æппæт цымыдисаг ерыстæ ахуырдзуты 'хсæн цæуынц 5-æм республикон фестиваль «Фыдæлты фарн»-ы фæлгæты. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы фестиваль техникумы директор Æбиты Валерий йæ разамындимæ байгом кодта адæмы хæлардзинады бонмæ, сбастой йæ Джеоргуыбайы кадджын бæрæгбонимæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны базардон экономикон техникумы æвзарынц хуыздæр бæгæныфыцджыты
Категория:
Новости и СМИ