Чи у сæрæндæр?
Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты дыккаг хатт райдыдта гом чемпионат WorldSkills. Архайдтой дзы нæ республикæйы минæвæрттæ, уыдысты 60 студенты бæрц. Профессионалон турниры фæсивæд ерыс кæндзысты 3 хуызы: веб-дизайн, модæйы технологитæ, амалхъомдзинадæн æххуысы программæйы фæрцы кæй сарæзтой, ахæм проект. Чемпионат ахæсдзæн æртæ боны. Алы командæйæн дæр уыдзæн сæрмагонд хæслæвæрд. Зæгъæм, модельертæ хъуамæ бахуыйой къаба, программисттæ та ног программæ араздзысты. Уæлахиздзаутæ фæззæджы ацæудзысты уæлдæр ахуыргæнæндæтты `хсæн националон ерыстæм. Уым хуыздæры ном райсыныл ерыс кæндзысты 300 студенты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи у сæрæндæр?
Категория:
Новости и СМИ