Мыййаг, искуы
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ абон сæрмагонд ахуыртæ сарæзтой базарадон центр «Алания Молл»-ы. Сæ нысан уыд, гæнæн кæмæн ис, ахæм зынгсирвæзтытæй хи бахъахъхъæнын. Бирæ адæм цы ран вæййы, уыцы бынæтты уæлдай цæстдард фæхъæуы. Ахуыртæ æдасдзинадæн пайдайаг рауадысты. Адæм сæ разыйæ баззадысты. Нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ йæхи цæстæй федта ирвæзынгæнджыты сæрæндзинад, æмæ ацы сахатмæ йе `рмæг равдисынмæ цæттæ у. Райсомы 9 сахатал Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ахуыртæм цæттæ куыннæ уыдысты. Базарадон центр «Аланийы Молл»-ы æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ ссыгъд супермаркет «Стэйтон». Хъахъхъæнджытæ æнæхъæлæджы уавæры дзæнгæрæг скусын кодтой. Уыцы рæстæг хъæугæ техникæ бынæтмæ сæмбæлд. Базарадон центры фæздæг уайтагъд апарахат. 8 зынгхуыссынгæнæн хæтæлы, 2 автоматикон асины, фæздæгцъирæн машинæтæ æмæ хæрдмæисынгæнæ. Уыдæттæ бахъуыдысты ахуырты. Афтæ – ирвæзынгæнджыты арæхстдзинад дæр. Адæмæй дзы архайдтой 65-æй. Зынгсирвæзты фæзуат бацахста 100 квадратон метры. Ахуыртæ йæхи цæстæй федта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Йæ куыст баст у æдасдзинад æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ацы фарстамæ кæддæриддæр лæмбынæгæй æркæсынц. Куысты хорз хатдзæгтæн уый аккаг хъомыс у. РЦИ-Аланийы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег: «Нæ республикæйы разамындæттæг æмæ хицаудзинады оргæнтæ адæмы æдасдзинады тыххæй ныридæгæн аразынц æппæт мадзæлттæ. Сæрмагонд цæстдард уымæ здахы нæ республикæйы сæргълæууæг дæр. Ахæм ахуыртæн республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад ифтонг у æппæты хъæугæ кусæнгæрзтæй. Сæ дæсныйады æндæр хуызы уавæр хъуамæ уæвгæ дæр ма уа». Ахуыртæ базарадон центры фыццаг хатт арæзт не рцыдысты. Бахъуаджы сахат ахæм цауты адæм хъуамæ ма сæфой. Базарадон центры генералон директоры ныхæстæм гæсгæ, ахуыртæ хæссынц æрмæстдæр зонындзинæдтæ. Адæм æмызмæлд кæм кæнынц, уым уыцы хæс цард хъахъхъæнæг у. Цалынмæ ахуыртæ цыдысты, уæдмæ центры кусджытæ æмæ æрбацæугæ адæм цымыдисæй кастысты ирвæзынгæнджыты арæхсдзинадмæ. Ныр æй хъуамæ зоной, канд хи аирвæзын кæнын нæ, фæлæ ма æндæр адæймаджы цардыл дæр тох кæнын хъæуы. Ахуыртæ фесты. Ирвæзынгæнджытæ сæ зæрдæ дарынц, пайдайаг сын кæй сты. Фæнды сæ, цæмæй нæ республикæйы фыдбылызтæ къаддæр цæуа. Сæ техникæйæ дæр уæдæ арæх куыд нæ пайда кæной, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мыййаг, искуы
Категория:
Новости и СМИ