Дзæуджыхъæуы транспортон компанийæн адæмы ласыны бар нал ис
Нæ горæты 77 номыры маршрутон такситæн бæлццæттæ ласыны бар нал ис. Йæ аххосаг у, хъалонтæ кæй нæ фидынц, уый. Уымæй уæлдай ма машинæты фылдæр хай техникон æркасты домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Маршрут сисыны тæрхондоны уынаффæ йæ тыхы бацæудзæн мæйы фæстæ. Шофыртæ æнæ куыстæй баззайдзысты æви нæ? Транспортон компани хицæн адæймæгты æфтиæгты тыххæй хъусынгæнæгтæ нæ раргом кодта. Уыимæ ма куыстуаты хицауад хъалонтæ дæр нæ бафыста. Сæ хæс 500 сомæй фылдæр у. Уымæ гæсгæ тæрхондон рахаста уынаффæ — 77-æм номыры маршрутон такситæн бæлццæттæ ласыны бар нал ис. Зæгъын-ма хъæуы уый дæр æмæ адæмы закъонхалдимæ ластой. Шофыртæ ууыл нæ сæттынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ бæлцæттæ-иу сæ лæггæдтæй разыйæ баззадысты. Фæлæ тæрхондоны уынаффæ æххæстгонд куы æрцæуа, уæд тæрсынц æгуыстæй куы баззайой, уымæй. Бæлцæттæм та 77-æм маршрут куыд куыста, уый тыххæй иу хъуыды нæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй, ахæм хæдтулгæтæ бахауы æмæ сыл ацæуын дæр хъæбатырдзинадыл банымайæн ис. Траспортон куыстуаты сæ куысты аиппытæ кæй уыд, ууыл сæттынц. Уыимæ сæхи раст кæнынц, промышленность æмæ транспорты министрад сыл стыр ивартæ сæвæрдта. Афтæмæй та цы бакусынц, уый сын фиддонты фаг дæр нæ вæййынц. Цæмæдæр сæм афтæ кæсы, цыма сын сæ маршрут барæй æхгæнынц, уый. Тæрхондоны уынаффæ йæ тыхы бацæудзæн мæй фæстæ. Уæдмæ 77-æм маршрут, раздæрау, кусдзæн. Фæлæ промышленность æмæ транспорты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй, уый фæстæ шофырты бахъæудзæног куыст агурын. Сæрмагонд æвзæрстыты фæрцы сбæлвырд кæндзысты 77-æм маршрутыл цæуыны лæггæдтæм хъус чи æрдардзæн ахæм æндæр компани. 77-æм маршрутыл ныртæккæ чи кусы, уыцы шофыртæн бар уыдзæн ног компанимæ бацæуын. Фæлæ сæ алкæмæ дæр хъуамæ уа æмбæлгæ хæттытæ. «Нæ фыццаг къахдзæфтæ,ацы куыст закъонмæ гæсгæ рацаразын. закъон æххæст кæнын кæй нæ фæнды, ахæм шофыртæ бирæ сты. Хæрзхъæд лæггæдтæ æххæст кæнын дæр сæ нæ фæнды. Уæхæдæг æй уынут хæдтулгæтæ цы уавæры сты уый», — Промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбег Бутов. 77-æм маршрутæн радтой бæлццæтты ласыны бардæттæг гæххæтт. Уымæ гæсгæ 50 машинæйæн ис æрвылбон кусыны бар. Фæлæ Промышленность æмæ транспорты министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, 2 хатты фылдæр вæййынц. Уый куыстуатæн æнæмæнг хæссы пайда — алы хæдтулæгæй дæр алы мæй дæр райсынц фиддон — 1500 сомы бæрц. Уый та цæсгомджынæй чи кусы, уыцы шофыртæн къуылымпыйы хос у. Министрады ма зæгъынц — æхсæнадон транспорты куысты хæрхъæддзинад хуыздæр хъуаг у. Бæлцæттæ дæр цы лæггæдтæ сын æмбæлынц æмæ куыд хъуамæ уой, афтæ не сты. Паддзахадæн дæр хъалонтæ æххæстæй нæ райсынц. Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй, тæрхондон ныртæккæ цы уынаффæ рахаста, уый транспортон системыйы йы ивддзинæдтæ æрцæудзæн, уыдонæй иу у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы транспортон компанийæн адæмы ласыны бар нал ис
Категория:
Новости и СМИ