Алцæмæ йæ цæст дары

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Битарты Вячеслав абон кусæг балцы уыд Мæздæджы районы. Бабæрæг кодта ахуырадон объекттæ. Фембæлд цæрджытимæ. Байхъуыста фылдæр сæ цавæр фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдонмæ, стæй сæ царды уавæртæй куыд разы сты, уый. Битарты Вячеслав иунæджы дæр æнæ дзуаппæй нæ ныууагъта. Бынæттон администрацийы кусджытæн та бабар кодта фарстатæ алыг кæнын. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Фыццаг уал Битарты Вячеслав фембæлд Предгорныйы цæрджытимæ. Афæдз размæ дзы сæ хæдзæртты дон нал калд, донагурæг цыдыс ты сыхаг хъæумæ. Ныр кърæнтытæй дон кæлы, фæлæ хæтæлтæ сызгæ сты - нал бæззынц. Нæ республикæйы сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта, фарста цыбыр рæстæгмæ лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй. Специалисттæ куыстытæм бавналдзысты ног къуыри. Бахъæудзæн сæ 22 милуан соммæ ввахс. Битарты Вячелавы ныхæстæм гæсгæ, ахæм æхцатæ бюджеты нæй, фæлæ сæ ссардзысты. Адæм хъаст кодтой хъæугæ медицинон æххуыс сæм куыд æмбæлы афтæ кæй нæй, уымæй дæр. Зæгъæм, кардиограммæ скæнынмæ сæ бахъæуы Мæздæгмæ ацæуын. Битарты Вячелав бабар кодта хъæуы фельдшерон акушерон пункт хъæугæ медицинон кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын. Уæд ардæм медицинон æххуысмæ цæудзысты сыхаг хъæу - Чысыл Малгобекæй дæр. Уым дæр бынæттон цæрджытæ зындзинæдтæ æййафынц . Цæры дзы 144 адæймаджы, уыдонæй 22 - скъоладзаутæ. Фæлæ кæм ахуыр кæной, уый сын нæй. Скъола арæзт у зæххы лæбырдтытæй тæссаг ран. Уымæ гæсгæ йæ сæхгæдтой. Битарты Вячелав бабар кодта цыбыр рæстæгмæ фарстамæ хъус æрдарын æмæ йæ аиуварс кæнын. Бынæттон администрацийæн та бабар кодта сывæллæттæ кæцы скъоламæ цæудзысты æмæ сæ чи æмæ куыд ласдзæн, уый сбæрæг кæнын. Зæххы лæбырдтæй тæссаг уавæр - иннæ бакусинаг фарста. Æрдзон уавæрты аххосæй Чысыл Малгобечы цæрджыты хæдзæрттæ кæлын райдыдтой. Адæмы хъæуы æндæр, æдас бынæттæн раивын. Уый та бантысдзæн æрмæстдæр федералон программæмæ гæсгæ. Битарты Вячеслав бабæрæг кодта Мæздæджы скъола-интернат дæр. Ныртæккæ дзы ахуыр кæнынц 369 адæймаджы. Ахуыргæнæндоны æмдзæрæн та 20 азы нæ кусы. Цалцæггæнинаг у. Республикæйы сæргълæууæг загъта, бæстыхай федералон программæмæ бахæссын кæй хъæуы, уый. Съолайæ Битарты Вячелав фистæгæй ацыд Мæздæджы администрацимæ. Федта парчы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый. Аразынц æй горæтты аивдзинады программæмæ гæсгæ. Куыстытæ сæ тæмæны сты. Баззади ма дзы фонтан саразын. Кусæг балцы рæстæг ма республикæйы сæргълæууæг фембæлд Мæздæджы районы активон архайджытимæ. Семæ æрдзырдта районы ахсджиаг фарстатыл. Зæгъæм, зæххытæ хаццоны фиддонтыл. Зæххæй раст пайда кæй нæ кæнынц, уый тыххæй район 100 милуан сомæй фылдæр сафы. Уымæ фарстамæ Битарты Вячеслав бабар кодта уæлдай лæмбынæг бакусын. Битарты Вячеслав ма фембæлд бынæттон цæрджытимæ. Курдиаттимæ йæм æрбацыдысты 7 адæймаджы. Чидæр ракуырдта медицинон хостæй йын баххуыс кæнын, инвалидтæн коляскæ балхæнын æмæ æхцайæ фæкæсын. Битарты Вячеслав ныфс бавæрдта, алы курдиатмæ дæр йæхæдæг йæ цæст кæй дардзæн. Æмæ дзы иу дæр æнæ дзуаппæй кæй нæ баззайдзæн, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Алцæмæ йæ цæст дары

Категория:

Новости и СМИ