РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Адæм æрбацыдысты алуыхуызон фарстатимæ. Зæгъæм, Елхотты Ленины номыл уынджы рухсдæттæн системæ нæй. Электрон цæджындзтæ æмæ телтæ ис, фæлæ дзы рухс никуы уыд. Регионы разамонæг бахæс кодта Кировы районы хицауадæн промышленносты министримæ фарстайыл аныхас кæнын æмæ хъуыддаг цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæнын. Хъæуы уынгтæй иуы та нæй фистæгцæуджытæн къахвæндаг. Æппынæдзух дзы цæуы бирæ сабитæ, уымæ гæсгæ уавæр æдас нæу. Сунжæйы цæрджытæ тыхсынц, дондзæуæн системæтæ заууатмæ кæй æрцыдысты, уымӕй. Арæх хæтæлтæ атонынц. Иу уынджы та дон ӕппындӕр нæ вæййы. Дондзæуæн системæ райдайдзысты ивын февралы æмæ кустытæ кæронмæ баххæст кæндзысты 2022 азы августы онг. Æппæт фарстатæм дæр æргом аздахдзысты хæстæгдæр рæстæг. Уавӕр бæрæг кæндзæн Сергей Меняйло йæхæдæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv