Сфæлдыстады хи ӕнцонтӕй куыд раргом кæнын хъæуы
Сфæлдыстады хи ӕнцонтӕй куыд раргом кæнын хъæуы, ууыл ныхас кодтой Пушкины номыл нывкæнынады аивæдты паддзахадон музейы Цæгат Кавказы филиалы. Ахуыр дзы кодтой хъуыдытæ цыбырæй каллиграфийы хуызы бамбарын кæныныл. Цæмæй рæсугъд фыссынады стыхджын уой, уый тыххæй уал раздæр æркастысты теоримæ. Шрифтыты композици дæр дзы тынг ахсджиаг у. Уый у дамгъæтæ, нымæцы æмæ æрхæцæн нысæнтты бастдзинад. Цыбыр лекцийы фæстæ рахызтысты практикæмæ. Сæ фыццаг хæслæвæрд уыд, сæ сæрмæ фыццаг цы æрцæуа, уый сныв кæнын. Уый тыххæй та æрхъусын хъæуы ассоциацитæ æмæ фæлтæрддзинадмæ. Дæсныйадæвдисæн ахуырты та йæ проект "Право поэта", зæгъгæ, адæргъвæтин кодта Лилия Баронова. "Аланика" фестивалы мæскуыйаг нывгæнæг бавдыста Хетæгкаты Къосайы ныхæстæ. Кæддæр уыдон цензурæмæ бахаудысты.