Гуырдзстонмæ хæдтæхджытæ, гæнæн ис, æмæ ногæй тæхын райдайой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Уæрæсейы æмæ Гуырдзстоны ’хсæн хæдтæхджытæ, гæнæн ис, æмæ ногæй тæхын райдайой. Уый тыххæй фехъусын кодтой Паддзахадон Думæйæ. Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Леонид Калашников куыд загъта, афтæмæй бæлвырддæрæй кæд сфидар кæндзысты уыцы фæтк, уый бæрæг нæма у. Ацы хъуыддаджы фæдыл ныртæккæ ныхас цæуы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны парламентты къордты ’хсæн æмбырды. Цæмæй хæдтæхджытæ ногæй тæхын райдайой иу паддзахадæй иннæмæ, уый тыххæй кусынц Уæрæсейы транспорты министрады. Ууыл дызрдтой 26-æм сентябры Нациты иугонд Организацийы æмбырды Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министртæ дæр. Уый, Леонид Калашниковы хъуыдымæ гæсгæ, у хорзы рдæм чи фæбæрæг уыдзæн, ахæм хъуыддаг. Уый размæ ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй Давид Залкалиани, профилон министрады разамонæг, бахатыд дыууæ бæстæйы ’хсæн уæлдæфон фæндаг фæстæмæ байгом кæнын. Уый фарс хæцынц хицауады уæнгтæ дæр. Премьер-министр Георгий Гахарияйы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы фыццаг къахдзæф хъуамæ акæна Гуырдзыстон. Дыууæ паддзахады ’хсæн ахастдзинæдтæ фехæлдысты, 20 июны Гуырдзыстоны цы змæстытæ сарæзтой уæрæсейæгты ныхмæ, уыдоны аххосæй. Адæм сабухтой, Уæрæсейы делегацийы уæнгтæй иу парламенты спикеры бынаты кæй æрбадт, уый тыххæй. Æвзæр фæстиуджытæ хынцгæйæ, Уæрæсейы президент Владимир Путин 8-æм июлы уынаффæ рахаста, цæмæй Гуырдзымæ хæдтæхджытæ мауал тæхой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гуырдзстонмæ хæдтæхджытæ, гæнæн ис, æмæ ногæй тæхын райдайой

Категория:

Новости и СМИ