Раджы у хæрынмæ?
Сæрд йæ тæмæны бацыд, уæд æй зон, уынгтæ дæр харбызæй байдзаг уыдзысты. Æвæццæгæн æмæ июлы иу ахæм тигъ нал баззайы Дзæуджыхъæуы, æппæтæй стырдæр гагадыръ кæм нæ фæуæй кæнынц. Кæд харбыз бирæтæ уарзынц, уæддæр сеппæт нæ фæтагъд кæнынц йæ балхæнынмæ. Фæтæрсынц, исты хъыгдард дзы куы баййафой, уымæй. Цымæ кæд æмæ куыд хъæуы хæрзхъæд æмæ хæрзад харбыз æлхæнын? Йæ æдтаг бакаст рæсугъд, фæлæ мидæгæй бынтон æдас нæу. Рагафоны харбызты тыххæй бирæ таурæгътæ æрымысынц. Сæ иу у уый, æмæ, дам, харбыз августы онг хæрæн нæй. Фæлæ сæ июлы райдианæй горæты алы тигъыл дæр уæй кæнын райдайынц. Бирæтæ ацафон харбыз балхæнынмæ сæ ныфс на баххæсынц. Зæгъгæ дам сæ химийы руаджы рзайын кодтой, зæгъгæ. Харбыз йæхи гъдайæй 100 бонмæ цæттæ кæны. Æмæ хъуамæ сæрды фыццаг дыууæ мæймæ куыд бæзза хæрынмæ? Специалистты ныхæстæм гæсгæ, хабар бынтон афтæ нæу. Алцыдæр фадæттæй æмæ боны хъæдæй аразгæ у. Харбыз цæттæ у, æви нæ, уый базонæн ис цалдæр хуызæй. Зæгъæм, йæ астæуыл куы нылхъивай æмæ йæ хъыррыст куы фæцæуа, уæд харбыз у цæттæ. Уымæй уæлдай ма йæ куы æрцæвай, уæд дзы æмыр гуыпп хъуамæ фехъуыса. Харбызы цæттæдзинад базонæн ис йе ддтаг бакастæй дæр. Йæ бицъи хъуамæ уа хус. Æнæууæнк æлхæнджытæ ма харбыз дих кæнын дæр акæнынц. Уыимæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ харбызы хуыз ницæуыл дзурæг у. Цыфæнды сырх куы уа, уæддæр, гæнæн ис, æмæ æвзæр æмæ æнад рауайа. Кæд дзы исты бур кæнæ урс хæххытæ разынд, уæд лæмбынæг æркæсут. Æвæццæгæн æмæ харбыз куы зайын кодтой, уæд химикаттæй спайда кодтой. Уыдон раттынц ахæм æнахуыр хуыз. Стæй ахæм харбызæн йæ ад дæр сæ хуыздæртæй нæ вæййы. Фæлæ харбыз уæйгæнæджы раз дих кæнын къаддæр адæм райдыдтой. Æмбарын та йæ кæнынц уымæй, æмæ йæ иу бынаты фелхæнынц, æмæ продукты хæрзхъæддзинадыл дызæрдыг нал фæкæнынц. Уæйгæнджыты фылдæр æрдæг фыццаг бон не сты базарадон куысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, зонынц, хæрзхъæд харбызтæ кæм æлхæнгæ сты, уый. Ласгæ сæ æркæнынц Дагестан, Краснодар æмæ Стъараполæй. Уынджы харбызтæ чи уæй кæны, уыдонмæ æнæмæнг хъуамæ уа горæты администрацийæ ист бардæттæг гæххæттытæ. Уый æнцон райсын нæу. Фыццаджыдæр хъуамæ харбызтæм æркæсой, пестицидтæ дзы ис, æви нæй, уымæ. Фæлæ уæддæр рох кæнын нæ хъæуы æлхæныны хуымæтæг фæтк дæр. Роспотребнадзоры сидынц адæммæ, уæйгæнæн бынæтты санитарон уавæрмæ куыд кæсой. РЦИ-Аланийы Роспотребнадзоры управленийы санитарон цæстдарды хайады сæргълæууæг Хъулаты Алан: «Роспотребнадзор сиды адæммæ, цæмæй стыр фæндæгты цур харбызтæ ма лхæной. Уый бæсты сæ æлхæнут дуканиты, базарты, сæрмагонд бынæтты. Тæрхæджытæ дæр хъуамæ уой хъæдын. Харбызтæ зæххыл уæй кæнын закъонмæ гæсгæ нæй. Уый у стыр уагхæлд». Роспотребнадзоры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, харбызæй фæстаг аз бирæ адæм хъыгдард нæ баййæфтой. Ацы сезоны райдианæй дæр уæдæ харбызæй чи фæхъæсты ис, æмæ рынчындонмæ чи бахауд, ахæмтæ нæ рабæрæг. Фæлæ фæфылдæр сты æнæзакъонæй харбызтæ чи уæй кæны, уыдоны бæрц. Горæты администраци æмæ пъæлицæ аразынц рейдтæ, бæрæг кæнынц ахæм бархæлдтытæ, æмæ хъахъхъæнынц республикæйы цæрджыты æнæниздзинад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Раджы у хæрынмæ?
Категория:
Новости и СМИ