Ахсджиаг нысантæ
Республикæйы хицауад бакусдзæн 12 федералон проектыл. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Æмбырды архайдтой министрадты разамонджытæ æмæ бæрнон кусджытæ. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы президенты бадзырдтæ æххæст кæнын ахсджиаг хъуыддаг у. Уæлдайдæр та национ нысантимæ баст фарстатæ. Зæгъæм æнæниздзинад хъахъхъæнынады уавæрмæ хъæуы лæмбынæг цæст дарын. Онкологон æмæ зæрдæйы низтимæ тох кæнынæн та арæзт уыдзысты сæрмагонд мадзæлттæ. Бындуронæй ивд цæудзысты сывæллæттæн медицинон æххуыс райсыны æмæ æрыгон специалистты цæттæдзинады домæнтæ. Ахуырадимæ баст национ проекттæ хауынц нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты ахæм уагдæтты арæзтад. Бæстыхæйттæ медицинон кусæнгæрзтæй ифтонг кæндзысты грантты фæрцы. Адæмы цæрæн уавæртæ та хъуамæ фæхуыздæр уой, кæлæтдзаг хæдзæрттæй сæ ногтæм раивыны фæрцы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ахсджиаг нысантæ
Категория:
Новости и СМИ