32 й хорзæхæн
Комарынджы æнæниздзинады æппæтдунеон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Абон республикæйы дæндæгты æрыгон дохтырты ассоциаци сæ æппæадæмон федерацийы æххуысæй Дзæуджыхъæуы базарадон центртæй иуы сарæзтой тематикон акци. Архайдтой дзы ассоциацийы бархионтæ, студенттæ, ординатортæ æмæ æрыгон дохтыртæ. Уым сывæллæттæн æмæ, кæй фæндыд, уыдонæн равдыстой, дæндæгтæм раст куыд зилгæ у, раст сæ куыд сыгъдæг кæнын хъæуы, уыдæттæ. Уымæй уæлдай ма сын радзырдтой, дæндæгты дохтырмæ афоныл цæуын, раст хæрын æмæ æнæниз царды уагыл æххæст уæвын куы ахсджиаг у, уый. Мадзал у æрвылазон. Республикæйы стоматологты ассоциаци йæ аразы 2013-æм азæй. Ацы аз цæуы Уæрæсейы 40 горæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
32 й хорзæхæн
Категория:
Новости и СМИ