Вазыгджын цауы тыххæй
Абон нæ бæстæйы президент Владимир Путин фехъусын кодта йæ хъуыдытæ пенсион реформæйы тыххæй. Йæ ныхас ын æвдыстой федералон телеканалтæ. Паддзахады сæргълæууæг æппæты сæйрагдæрыл нымайы, ногдзинæдтæ адæмыл æвзæрырдæм куыд нæ фæзыной, ууыл бакусын. Афтæ, сылгоймæгтæ пенсимæ цæудзысты 8 нæ, фæлæ 5 азы фæстæдæр, ома 60-аздзыдæй. Нæлгоймæгтæн сæ хъул сах нæ абадт - пенси сын фидын райдайдзысты 65-аЗДзыдæй. Бирæсывæллонджын мадæлтæ пенсимæ цæудзысты раздæр. Кæд сылгоймагæн æртæ сывæллоны ис, уæд пенсимæ цæудзæн, куыд æмбæлы, уымæй 3 азы раздæр. Кæд ын 5, кæнæ фылдæр сывæллоны ис, уæд та 50-аздзыдæй. "Пенсион кармæ хæстæг кусджыты сæ бынæттæй чи уæгъд кæна, кæнæ сæ уыцы кары куыстмæ чи нæ иса, уыдон хъуамæ æфхæрд цæуой административон, кæнæ уголовон æгъдауæй", - загъта Владимир Путин. Нæ бæстæйы сæргълæууæг ма æрдзырдта æгуыст адæмы фиддонтыл. Бахаста, пенсион кармæ хæстæг адæмæй куыст кæмæн нæй, уыдонæн фиддонты бæрц фæфылдæр кæныны хъæппæрис. 2019-æм азы 1-æм январæй фæстæмæ суыдзæн 11 200 сомы. Президенты хъуыдымæ гæсгæ ма, пенсион реформæйы кæронмæ æппæт льготæтæ дæр хъуамæ сæ тыхы уой. Се `хсæн исбон æмæ зæххæн льготæтæ. Сылгоймæгтæ сæ пайда кæндзысты 55, нæлгоймæгтæ та - 60 азы сыл куы сæххæст уа, уæд. Пенсиисджытæн бар уыдзæн бынæттон льготæтæй дæр пайда кæнынæн, ома, æхсæнадон транспортыл лæвар цæуынæн, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады лæггæдтæн, цæрæнуæтты бындурон цалцæгæн, газæн, хостæ æлхæнынæн къаддæр фидынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Вазыгджын цауы тыххæй
Категория:
Новости и СМИ