Марковы уынджы 38-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны канализацийы уавæр

Ацы фарстаимæ арæх æмбæлынц Марковы уынджы 38-æм хæдзары цæрджытæ иууылдæр. Æмæ уый фыццаг аз нæу. Канализацийы централон системæйæ пайда кæныны фадат сын нæй. Йæ бæсты — хуымæтæг дзыхъхъ къахт. Хъантемыраты Фатимæ ам æрцард æртæ азы размæ. Уæд уавæр бынтон ахӕм æвзæр нæ уыд. Абон та йын быхсæн нал ис. Цæрджытæ хъаст кæнынц æвзæр тæфӕй, ам æппынæдзух у уымæл. Канализацийы дæттæ кæлынц пъадвалмæ. Æвзæр тæф кæны, уый иу хъуыддаг у. Фæлæ æнæниздзинадыл дæр хорзырдæм кæцæй ахаддзæн? Цы бæрнады дуар ма нæ бахостой, уый нал баззад, фæлæ уавæр нæ ивы. Хæрдзты иу хай цæрджытæ сæхимæ райстой. Æхца сæмбырд кодтой æмæ зæронд хæтæлтæ скъахын кодтой. Ныр ногтæ хъæуы централон канализацимæ баиу кæнын. Фæлæ æртæ мæйы рацыд, уавæр та нæ ивы. Хъуыддаджы тыххæй бафарстам горæты доны куыстуаты минæвæртты. Хæдзар горæты канализацимæ баиу кæнæн ис æрмæст хи фæрæзтæй. Фæлæ цæрджытæн уый бæрц æхца æрæмбырд кæнын сæ бон нæу. Тæрсынц, нырмæ цы куыстытæ бакодтой, уыдон дæр дзæгъæлы куы фæуой, уымæй. Уымæн æмæ зымæджы уазæлттæм хæтæлтæ зӕххы бын фӕкӕнын хъæуы æнæмæнг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
17 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии