Магъзæй хæст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Дзæуджыхъæуы наукон библиотекæйы арæзт æрцыдысты республикæйы ерыстæ.шахмæттæй. Цæудзысты æртæ къæпхæнæй. Фыццаг къæпхæн - блиц шахмæттæ. Æдæппæттæй - 11 туры. Дыккаг къæпхæн - тагъд, дарддæр та - классикон шахмæттæ. Уыдоны цæудзысты 9 турæй.  Ерысты архайынц алы кары адæм. Зондæй тыхджынты хæстæгмæ федта нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ. Наукон библиотекæйæ æрымбырд сты æцæгæйдæр курдиатджын адæм. Абон "хæцынц сæ сæрымагъзæй" - хъазыдысты шахмæттæй. Чысыл сабитæ фæзмынынц фæлтæрджын архайджыты. Чидæр йæ сабибонтæй хъазы, чидæр та нырма слæууыд ацы цымыдисаг фæндагыл. Дзиццойты Зауыр хорз хъуыды кæны, Цæгат Кавказы нæ горæты шахмæтты клуб хуыздæртæй иуыл нымад куы уыдис, уый. Йæ сабибонтæй бауарзта ацы хъазт. Зæгъы, кæд 1-4 къласмæ йæ бæрæггæнæтæ æвзæр уыдысты, уæд 5-æм къласы йæ ахуыры `вдисæнтæ дзæвгар фæхуыздæр сты. Уыцы хорзæх бæтты шахмæттимæ. Зауыры уырны, ацы спорты хуызæн рæсугъд фидæн кæй ис, уый. Тренерæй дæр дзæвгар фæкуыста. Чысыл хъазджытæн Зауыр йæ зонындзинæдтæ амонын нæ хæлæг кæны. Æхсызгон ын у, нæ республикæйы хицауад спорты ацы хуызмæ йæ хъус фылдæр кæй райдыдта дарын, уый. Къæлхидты Азæмæт ацы спорты хуызмæ цæуы 4 азы. Иунæг нæу, йæ мбæлттимæ зæрдиагæй æрбауайынц ахуыртæм. Æнтыстдзинæдтæ та йын куыннæ рхастой? Ныридæгæн у спорты мастертæм кандидат. Иу æмæ дыууæ хатты нæ рамбылдта республикæйы ерыстæ дæр. Лæппу дарддæр фæнд кæны уæлдæр къæпхæнмæ схизын. Ерыстæ дарддæр ахæццæ кæндзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды. Бирæты уырны, уæлахиздзаутæ дзы кæй суыдзысты, уый. Тагъд хъуыды кæнын æмæ архайын иуварсæй кæсгæйæ зын нæ кæсы. Фæлæ бирæ тых æмæ быхсондзинад домынц. Спорты ацы хуыз уарзджытæ та ахæм миниуджытæй æххæст сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Магъзæй хæст

Категория:

Новости и СМИ