Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны цыппæрæм конкурсыл ныхас цыд бæстæйы хицауады

Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны цыппæрæм конкурсыл ныхас цыд бæстæйы хицауады. Президент раздæр куыд фехъусын кодта, афтæмæй цæрынæн хорз уавæртæ аразгæйæ нымайын хъæуы цæрджыты хъуыдытæ. Хицауады уæнгтæ ацы фарстамæ уæлдай æргом здахынц. Уый тыххæй ныр цыппæрæм аз электронон платформæйы æппæт Уæрæсейы æвзарынц, цы объекттæ аив кæндзысты, уый. Уыцы рæстæгмæ сног кодтой 4 мин 500 æхсæнадон бынаты. Ныр райдыдтой ног æвзæрстытæ. 30-æм апрельмæ муниципалон скондты цæрджытæ нысан кæнынц зæрдæмæдзæугæ фæзуæттæ. Се 'хсæн сывæллæтты æмæ спортивон ног фæзтæ, ихбырæнтæ, фистæгцæуджыты зонæтæ. Хъæлæсгæнджыты нымæцмæ гæсгæ Цæгат Ирыстон бæстæйы регионты 'хсæн ис 12-æм бынаты, Цæгат Кавказы федералон зылды та дыккаг бынаты. Республикæйы ныридæгæн сæ хъæлæс радтой 50 мин адæймаджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, саив кæныны фæдыл территорийыл схъæлæс кæнæн ис 15.gorodsreda порталы. Æвзæрстыты хатдзæгтæ фенæн уыдзæн проект «Формирование комфортной городской среды» порталы. Фылдæр хъæлæстæ цы объекттæ райсой, уыдон саив кæндзысты фидæны аз.

Иконка канала IRYSTONTV
1 456 подписчиков
12+
10 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии