Райдыдтой Хуссар Æфсæддон зылды ерыстæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны райдыдтой æфсæддон къордты ерыстæ радиоэлектрон тохæй. Архайынц дзы Уæрæсейы Хуссар Æфсæддон зылды дæлхайæдтæ. Салдæтты размæ рахастой сæрмагонд хæстæ. Зæгъæм, хъæуы сæ радиоуылæнты алы хуызты рахæцæн ссарын. Уымæй уæлдай ма хъуамæ раиртасой, алыхуызон буаргъæдтæй чи фæхъæстæ, ахæм рæттæ, зоной фыццаградон медицинон æххуыс бакæнын, стæй, зæгъæм, цæф адæймаджы тохы быдырæй раласын. Ерыстæ ахæсдзысты райсоммæ. Æфсæддонтæ дзы пайда кæнынц тæккæ нырыккондæр мадзæлттæ æмæ техникон фæрæзтæй. Нæ уацхæссæг Плиты Хетæг ахуыртыл йæ фæндаг ракодта æмæ фæстæмæ цæхæрцæстæй æрбаздæхт. Владислав Гостев ссыд Новомихайловскæй. Ныртæккæ йе ’мкусджытимæ се `фсæддон цæттæдзинад æвдисынц Цæгат Ирыстоны. Сæ къорды ис 5 адæймаджы. Алчидæр дзы кусы «Косуха», зæгъгæ, гарзыл. Ацы техникон аппарат знаджы объекттæ уайтагъд ацахсы. Фадат радты, цæмæй йæм сæ цæст дарой. Хæстæгдæр æй æрбасайы, канд уымæй пайда нæу. Уыцы-иу рæстæг ма знаджы цæстæй бамбæхсы хи салдæтты, бæстыхæйттæ æмæ æфсæддон техникæ. Уæвгæ, сæ кусæн бынат мæнæ ацы егъау хæдтулгæйы ис. Бадынц йæ хуылфы æмæ кæсынц, цæмæй сæ сæрты æнæхъуаджы мачи ратæха. Ацы `фсæддонтæ та уал сæ ерысты хай фесты. Сты цыппарæй иу къорды. Сæ хæс уыд Аартæйыл бæрæг рæттæ ссарын æмæ равдисын. Снысан сын кодтой 10 раны, хъуамæ сæ салдæттæ базыдтаиккой, хъæд дзы кæм ис, кæнæ та уæлмæрдтæ æмæ афтæ дарддæр. Уæдæ сæ сæрæндзинадмæ дæр зæрдæ хъуамæ ма `хсайа. Зæгъæм, 4 минутмæ хъуамæ сæхи атухой, химикон-бактериологон хæцæнгарзæй сæ чи хъхъахъхъæндзæн, ахæм сæрмагонд дарæсы. Æнцон нæу, фæлæ йæ сæххæст кодтой. Ахæм фæлысты сæ кусын хъæуы техникæимæ дæр. Уыцы хæсыл дæр æфсæддонтæ фæтых сты. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстонмæ Хуссар Æфсæддон зылдæй ссыдысты 12 хайады минæвæрттæ. Сты 100 адæймаджы, æртын та сæм ис техникон кусæнгæрзтæ. Ахæм ерыстæ радиоэлектрон тохы фæлгæты сарæзтой фыццаг хатт. Ирдæй дзы рабæрæг вæййынц нырыккон техникæйы гæнæнтæ. Уæлдйдæр, уæлдæфон знагимæ тохы рæстæг. Ацы ерысты чи фæуæлахиз уа, уыдон дарддæр сæ арæхстдзинад æвдисдзысты уæлдæр къæпхæны. Сæ арæхстдзинæдтæ æххæстæй хъуамæ уым раргом уой. Уымæй аразгæ у æгас бæстæйы æдасдзинад дæр Плиты Хетæг _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Райдыдтой Хуссар Æфсæддон зылды ерыстæ

Категория:

Новости и СМИ