Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд цæрджыты социалон хъахъхъæнынады фарстаты фæдыл æмбырд
Бинонты афæдзы фæлгæты Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц бинонты бирæвæрсыг центр байгом кæнын. Уый сбæрæг цæрджыты социалон хъахъхъæнынады фарстаты фæдыл æмбырды. Ацыд регионы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй. Республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй хайад байгом уыдзæн Дзæуджыхъæуы Промышленон районы социалон лæггæдты центры бындурыл. Сергей Меняйло бабар кодта муниципалон скондты разамонджытæн, цæмæй сбæрæг кæной центртæ цас ахсджиаг æмæ хъæугæ уыдзысты, уый. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бинонты бирæвæрсыг центр байгом кодтой фарон декабры. Йæ сæйраг нысан сывæллонджын бинонты фарсмæ æрбалæууынæн, ног мадзæлттæ æмæ технологитæ снысан кæнын. Æмбырды æрдзырдтой республикæйы социалон политикæ æххæсткæнынадыл. Бирæсывæллонджын бинонтæ, инвалидтæ æмæ сидзæр сывæллæттæн æххуысы мадзæлттыл. Уыимæ льготæты хуызы цæрджыты хостæй ифтонгад, Беслæны теракты рæстæг хъыгдæрд чи баййæфта, уыцы цæрджыты реабилитаци.