Цæгат Ирыстоны кусы «Билет в будущее», зæгъгæ, профорентацион программæ

Ацы цыминаджы сæйраг хъацæн у битъына. Нозт æмхæццæ нæу, уымæн æмæ абоны уазджытыл нырма 18 азы нæ цæуы. Бары тæрхæджы уӕлхъус куыст цымыдисаг цæмæй у, уый радзырдтой Алайнаг гимназы ахуырдзаутæн. Цыминагыл æрмæст лайм, их, адджын дон ныккæнын фаг нæу, цæмæй зæрдæмæдзæугæ рауайа, уый тыххæй хъæуы лæггадгуры сцымыдис кæнын. Минасгæнæнты адджын æмæ уӕнгроггӕнӕг нозтытæ куыд цæттæгæнгæ сты, уый тыххæй фæсивæдæн дзуры бары кусæг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй скъоладзаутæм хæлæг дæр кæны. Уыдонæн фадат ис дæнцæг уынгæйæ равзарын фидæны дæсныйад. Ацы куыстуат та республикæйы егъаудæртæй иу у. Уадзынц дзы минералон дæттæ. Лабораторийы технолог дзуапп цæмæн дæтты, уый тыххæй дзурынц Беслæнын цыппæрæм скъолайы ахуыргæнинæгтæн. Адджын дон скæнæн ис алыхуызон адимæ. Иуæндæсæмкъласонтæн сæ зæрдæмæ тынгдæр апельсины адимæ дон фæцыд. Сæ куысты хатдзæгтæ сæ дисы бафтыдтой. Цехы цæттæ кæнынц пластикæй ботлатæ. Дон уадзынц цъассæй, уый фæстæ йæ къоппыты æвæрынц. Сывæллæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнхъæл нæ уыдысты, ахæм автоматикон заводы адæмы æххуыс кæй хъæуы. Куыд æй федтой, афтæмæй специалисттæ алы ран дæр хъæугæ сты. Кусæг дæсныйæдты хъомыс раргом кæнынц профорентацион проект «Билет в будущее»-йы руаджы. Уыимæ ма кусæг дæсныйæдтæн сæ мызд чысыл нæу. Зæгъæм технологтæ, механиктæ исынц 50 мин сомæй фылдæр. «Билет в будущее»-йы руаджы скъоладзаутæ базонгæ вæййынц фылдæр дæсныйæдтимæ. Проекты фæлгæты фæсивæд дарддæр куыстуæттæм цæудзысты экскурситы. Бабæрæг кæндзысты заводтæ, фабрикæтæ, ресторантæ, суанг ма бæхты театр «Нарты» дæр. Мадзал аразджыты хъæддыхæй уырны, ахæм хуызы фæсивæд фидæнма раст къахдзæф кæй акæндзысты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
6 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии