Æнæ уæззау фæстиуджытæй
Дысон Дзæуджыхъæуы Тамайы-фырты номыл уынджы ссыгъд фарастфатерон хæдзар. Адæмæй дзы хъыгдард ничи баййæфта. Æвæстиатæй чи `рбахæццæ, уыцы зынгхуыссынгæнджытæ арты къæлæтæй фервæзын кодтой 4 адæймаджы. Зынгсирвæзт 20 минутмæ ахуыссын кодтой. Цæй аххосæй æрцыд, уый нæма сбæрæг. Бæлвырддæр уын радзурдзæн нæ уацхæссæг. Газиаты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ йæ хуыссæг уыцы `хсæв фæлыгъд. Æхсæвы дыууæ сахаты куы уыд, уæд сыгъды тæфæй хæрдмæ фæхауд. Цалдæр минуты рацыд, æмæ йæ сыхæгты удаист хъæртæ, судзæм, зæгъгæ, йæ къæхтыл алæууын кодтой. Сылгоймаг уайтагъд йæ бинонты рамбырд кодта æмæ æддæмæ разгъордтой. Газиаты Эллæ: Мæ мадимæ уаты уыдыстæм. Махæй уæлдай ма хæдзары уыдысты мæ дыууæ фырты æмæ мæ хицау. Мæ мадæн æрæджы операци скодтой. Æз фынæй нæ кодтон, интернеты цыдæртæ агуырдтон. Мæ фындзыл ауад æнахуыр тæф. Мæхицæн афтæ зæгъын, рухс æмæ газы прибортæ куы аххуысын кодтон, уæд ма уый та циу, зæгъгæ. Фæгæпп кодтон, æмæ тæф кæцæй цæуы, уый агурын райдыдтон. Ницы ссардтон. Рудзынгмæ бауадтæн. Кæсын, æмæ пиллон арты `взæгтæ ауыдтон. 10 минутмæ зынгсивæрзты бынатмæ æрбахæццæ сты æнæнхъæлæджы уавæрты службæ æмæ тагъд æххуысы къордтæ. Ссыгъдис фарастфатерон хæдзар. Æвæстиатæй чи `рбатындзыдта, уыцы зынгхуыссынгæнджытæ арты къæлæтæй фервæзын кодтой 4 адæймаджы. Уæдмæ арт апарахат 70 квадратон метры фæзуатыл. Ахуыссын æй кодтой райсомы 5 сахатыл. Зынг асхъиудта сыхаг хæдзæрттæм дæр. Ханыхъуаты Майæ: «Хæдзары сæр æнæхъæнæй сыгъд. Къултæ æмæ пъолтæ ныххуылыдз сты. Нæ уавæр тынг æвзæр у. Адæм сагъдау аззадысты. Алкæмæн дæр нæ дохтыртæ æмбæлгæ медицинон æххуыс бакодтой. Тагъд æххуысы къарет цалдæр хатты æрбацыд нæ кæртмæ. Адæм сæхимæ тæгъдты нæма æрцæудзысты». Зынгсирвæзт цæй аххосæй æрцыд, уый бæрæг нæма у. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ 10 боны æмгъуыдмæ сбæрæг кæндзысты. Хъыгдард кæй хæдзæрттæ баййæфтой, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, зынгсивæрзт æрцыд рухсдæттæн системæйы цауддзинады тыххæй. Адæм сæ хæдзæрттæ сыгъдæг кæнынц. Сыхæгтæ æмæ зонгæтæ дæр сын æххуыс кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæ уæззау фæстиуджытæй
Категория:
Новости и СМИ