Инæлар булкъон Юрий Соловьевы кадæн Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Инæлар-булкъон Юрий Соловьевы кадæн Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Сифтонг æй кодтой 50-æм скъолайы бæстыхайы къулыл. Уым Юрий Соловьев ахуыр кодта йæхæдæг. Уыди Орджоникидзейы зенитон-ракетон училищæйы рауагъдон. Къаманды кодта Мæскуыйы зылды æфсæддон-уæлдæфон къорды. Йæ хæлæртты ныхæстæм гæсгæ, уый алы аз дæр йæ фæндаг кодта Ирыстонмæ, йемæ та йæ бинонтæ дæр. Абон мемориалон фæйнæг байгом кæныны кадджын мадзалы бацархайдтой Юрий Соловьевы хиуæттæ æмæ къабæзтæ. Æрцыдысты Мæскуыйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Инæлар булкъон Юрий Соловьевы кадæн Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Категория:
Новости и СМИ