Туркмæ зæрдæ `хсайы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Нæ бæстæйы, кæнæ фæсарæнты баулæфын ныртæккæ æрмæст туристон агентадты руаджы нæй. Чырæ телефонты уæлæмхасæнты ис ахæм амал равзарæн. Кæнæ та интернетмæ бацу æмæ дæ зæрдæйы дзæбæхæн балцытæм æркæс. Уыимæ алкæй бон у æрмæст билеттæ ссарын æмæ балхæнын нæ, фæлæ ма фысымуат, кæнæ, суанг цы фæндæгтыл цæудзæн, уый дæр фенын. Уæвгæ алцы аразæг балцы аргъ вæййы. Нæ уацхæсджытæм ма байхъусут. Майами, Нью-Йорк, Лондон, Бёрн. Адон сты, Гасситы Михаил цы горæттæ бабæрæг кодта, уыдоны иу хай. Михаил дард балцыты рагæй цæуы. 5 азмæ йæ къахвæд ныууагъта 50 бæстæйы. Райдыдта йæ куыстадон балцытæй. Йæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ фæцалх дунейыл зилыныл. Гасситы Михаил, бæлццон: «Ныртæккæ нырыккон технологиты руаджы нæ бон у нæ балц æнцонæй саразын. Ис мæм бирæ ахæм чырæ телефоны уæлæфтуантæ. Се хсæн ис ахæмтæ, билеттæ чи агуры, кæнæ та фысымуаттæ. Ис ма ахæм иу хорз программæ, æппынæдзух мын æвдисы, цы бынæтты уыдтæн ныридæгæн, уый». 10 азы стыр мегаполисы фæцæргæйæ, Михаил сфæнд кодта фæстæмæ йæ райгуырæн республикæмæ æрыздæхын. Фæлæ Мæскуыйæ кæй сыздæхт, уый йæ балцытæн цæлхдур нæ разынд. Уымæй уæлдай Михаил зæрдиагæй баулæфы Цæгат Ирыстоны дæр. Кæд йæ райгуырæн зæхх бирæ уарзы, уæддæр йæ фæллад уадзынмæ фæсарæнтæм дæр ацæуы. Гасситы Михаил, бæлццон: «Мæхицæй йæ зонын, Уæрæсейы баулæфын арæх фæсарæнтæм ацæуынæй асламдæр нæ вæййы. Уыимæ ма фæсарæнты адæймагæн исты концерт кæнæ спортивон мадзал бабæрæг кæнын уыцы аргъæй рауайдзæн. Фæлæ баулæфынæн уæддæр мæ зæрдæмæ Ирыстон тынгдæр цæуы. Алы къуырийы кæрон дæр ацæуын хохмæ. Бирæтæ атæхынц Швейцари кæнæ Норвегимæ исты ногдзинæдтæ фенынмæ. Фæлæ ногдзинæдтæ сæдæ километрæй дарддæр не сты». Æрмæст бынæттон цæрджытæ Цæгат Ирыстоны улæфын нæ уарзынц. Алы аз хæдбарæй чи баулæфы, уыдон фылдæрæй фылдæр кæнынц. Цæгат Ирыстоны инфраструктурæйæ раппæлæн æххæстæй нæма ис, фæлæ æрдзы рæсугъддзинæдтæ, хъæздыг истори æмæ æгъдæуттæ туристты ардæм здахынц. Фæсарæйнаг курорттæ сæ бирæ лæггæдтæ æмæ хорз уавæртимæ афтæ уарзон нал сты адæмы хсæн. Сæрдыгон отпусчы рæстæг бирæтæ æрбацæуынц нæ республикæмæ. Елбачиты Майя, туристон фирмæйы кусæг: «Тынгдæр цымыдисаг сты Дæргъæвсы зæппадзтæ. Æвæццæгæн æмæ нæ республикæйы ацы бынат у æппæты зындгонддæр. Стæй ма Цъæй, Дыгургом. Сау денджызмæ дæр цæуынц адæм, фæлæ дзы æргътæ зæрдæ нæ райын кæнынц. Улæфты хæрзхъæддзинадæн æргътæ дзуапп нæ дæттынц». Уæрæсейаг курортæ азæй азмæ къаддæр адæм æвзарынц. Æргъты æмæ лæггæдты хæрзхъæддзинады тыххæй. Бæстæйы футболæй дунейы чемпионаты тыххæй туристон змæлд дæр æрмынæг. Адæмы нæ фæнды, бирæ дзыллæ цы бынаты ис, уырдæм цæуын. Бирæ туристон фирмæтæ уыцырдæм туртæ уæй дæр нал кæнынц. Сæ бæсты - балцытæ хæстæг фæсарæнтæм. Нæ бæстæйы цæрджыты æхсæн æппæты уарзондæр сты Гуырдзыстон æмæ Турк. Улæфынмæ чи цæуы, уыдоны 60% æвзарынц ацы рæттæ. Улæфты хæрзхъæддзинад равзарын дæр æнцон у. Хъæуы æрмæст фысымуаты стъалыты бæрц фæбæрæг кæнын. Сихъоты Алинæ, туристон агентады директор: «Тынг бирæ æвзарынц 4 кæнæ 5 стъалытимæ фысымуæттæ. Хуыздæр баулæфын кæй фæнды, уый æвзары 5 стъалыйы. Балцы рæстæмбис аргъ иу адæймагæн у 35-45 мин сомы. Фаронимæ абаргæйæ æргътæ фæбæрзонддæр сты. 35 мин сомæй зынтæй ссардзынæ 4 стъалыимæ фысымуат, хорз 5 стъалыйы та кæнынц 50 мин сомæй уæлæмæ». Турк æмæ Гуырдзыстоны баулæфын у асламдæр, хуыздæр æмæ æнцондæр саразын. Визæтæ нæ хъæуынц, стæй хæдтæхджытæ дæр тæхынц Минвод æмæ Беслæнæй. Кæд Мæскуыйы уылты йæ балц исчи аразы, уæд та равзарынц арæхдæр Итали, Испани, Черногори æмæ Хорвати. Фæззæгмæ хæстæгдæр та - Таиланд, Кубæ æмæ Мексикæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Туркмæ зæрдæ `хсайы

Категория:

Новости и СМИ