Мæздæджы донуæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Найæн рæстæг йæ тæмæны бацыд. Адæм арæх кæм фæулæфынц æмæ сыл æнæнхъæлæджы цаутæ кæм æрцæуынц, уыцы доны объекттæ бæрæг кæнынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Сæрмагонд рейд сарæзтой Мæздæджы районы дæр. Сæ донуæттæ æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæттынц, æви нæ, уый сбæлвырд кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Сæрдыгон æнтæф бонты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сæхиуыл æххæстæй банкъарынц. Æнæзонгæ нæу Мæздæджы районы цæрджытæн дæр. Нæ республикæйы уыцы хайы температурæ 40 градусæй фылдæрмæ схизы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм тæвдæй хæдзары сатæджы дæр бамбæхсæн ис, фæлæ цæрджытæн сæ фылдæр уарзынц донуæтты хи найын. Мæздæджы та цалдæр сты. Адæмæн уарзондæр бынат у Мæздæджы парчы пляж. Æрвылбон дæр ардæм сæ фæллад суадзынмæ æрбацæуынц 400 адæймаджы бæрц. Георгий Колобеков: «Абон нæм æрцыдысты Дзæуджыхъæуы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады доны объектты æдасдзинады хайады минæвæрттæ. Пляж домæнтæн дзуапп кæйæдæтты, уый загътой æмæ нын Официалон æгъдауæй кусынæн бар радтой. Фæлæ раст зæгъгæйæ, хистæр кары адæм дæр æмæ сывæллæттæ дæр ам июны райдианæй нырмæ найынц». Ацы пляж дзуапп дæтты домæнтæн. Ирвæзынджыты куыст куыд æмбæлы афтæ. Æппынæдзух цæст дарынц доны хæрзхъæддзинамæ,ис дзы тагъд æххуысы медицинон хотæ. Администраци та хъус дары пляжы сыгъдæгдзинадмæ. Цалдæр донуатæй   Мæздæджы хи найæн ис æрмæстдæр Уæлахизы парчы чи ис, уым. Фæлæ ам дæр ис тæссаг бынæттæ. Зæгъæм, Карскийы змискъахæнтæ. Нæдæр дзы сæрмагонд кусæнгæрзтæ нæй, нæдæр ирвæзынгæнджытæ.Уымæ гæсгæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ ахæм бынæттæм се `ргом хуымæтæджы не здахынц. Æнæниздзинадæн зиан кæй хæссынц, уый бæлвырд у. Июны Черноярскийы змискъахæнты цур донуаты аныгъуылд 7-аздзыд. Сывæллоны донæй сластой æрмæстдæр иннæ бон, 8 метры фæдæлдон ис. Александр Данилов: «Карьертæ иуылдæр арф сты Черноярский, Карский. Скъахтой йæ рæмудзæн æрмæджыты фæрцы, йæ арфад та у 15 метры. Дон суадонæй кæй абузы, уымæ гæсгæ у уазал. Найæн дзы нæй. Нæдæр цæугæдоны дон у, нæдæр цады дон». Фæлæ бирæты уыцы æвирхъау цау нæ фæтæрсын кодта. Куыд цыдысты ардæм, афтæ цæуынц, уыимæ ма сæ алкæйдæр уырны, æвзææрæй сыл кæй ницы æрцæудзæн, уый. Куы сæ бафæрсай, æдасдзинады домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм пляжмæ цæуыннæ цæут, уæд фæзæгъынц, ай хæстæгдæр у. Ахæм донуæтты бырутæ дæр нæй.Ис дзы нысан-ам найæн кæй не`мбæлы, зæгъгæ,фæлæ йæ иу дæр ницæмæ дары. Уымæ гæсгæ та æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ногæй зæрдыл дарын кæнынц: хи найæн ис æрмæстдæр сæрмагондæй найынæн цы бынаттæ скодтой, уым.Æдасдзинады фарстатæм куыд фæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы. Уымæн æмæ уый æнæниздзинадæн дæр æмæ цардæн дæр хæссы зиан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Мæздæджы донуæттæ

Категория:

Новости и СМИ