Хицауады сæрдар Дзанайты Барис министрты кабинеты уæнгтимæ æмбырд сарæзта
Национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæлгæты куыстытæ фæткмæ гæсгæ цæуынц, æви нæ? Ацы фарстайыл ныхас цыд премьер Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Архайдтой дзы министрты кабинет æмæ муниципалитетты сæргълæуджытæ. Хицауады сæрдар дзуапдæттæг кусджытæн бабар кодта, цæмæй бюджетæй фæрæзтæ райсынӕн курдиæтты хыгъд бацæттæ кæной. Ныхас ма цыд Комсомольская æмæ Кæрдзыны, стæй Бæтæхъойыхъæуы доны хæтæлты рацарæзты проекттыл. Ам ма аразынц сывæллæтты рæвдауæндон дæр. Ацы мадзæлттæн республикæ райста уæлæмхасæн æхца. Хъæууон хæдзарады министрады хъæуы уæлдай æргом аздахын мелиорацийы программæмæ. Уый тыххæй Цæгат Ирыстон ацы аз федералон бюджетæй райста 300 млн сомæй фылдæр. Æмбырды æрдзырдтой Алагиры районы дондзæуæн системæйы рацарæзтыл дæр. Ныртæккæ сæвæрдтой ног хæтæлты 15 км. Æрыдоны районы æмæ Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы компьютерон томографтæн бæстыхæйттæ бацæттæ кодтой. Дзæуджыхъæуы администрацийæн та Дзанайты Барис бабар кодта, цæмæй, горæты уынгтыл цы куыстытæ цæуынц, уыдонмæ сæ цæст хуыздæр дарой æмæ сæ цыд фæтагъддæр уа.