Николаевскæйы хъæуы сцалцæг кодтой культурæйы хæдзар
Николаевскæйы хъæуы байгом кодтой цалцæггонд культурæйы хæдзар. 20 азæй фылдæр уыди заууат уавæры. Арæзтадон куыстытæм лæмбынæг йæ цæст дардта республикæйы хицауад. Ныр кæронмæ æрхæццæ сты æмæ хъæуы цæрджытæн ноджы фылдæр гæнæнтæ фæзынд сфæлдыстадон æмæ аивадон фæнæдгтæ уæрæх кæнын. Ныридæгæн культурæйы хæдзары архайы 250 сывæллоны. Алы бон дæр кафджыты, зарджыты, ныв-кæныны æмæ аив дзурыны ахуыртæ. Куыд æрвитынц ныр сæ бонтæ бынæттон цæрджытæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Николаевскæйы хъæуы сцалцæг кодтой культурæйы хæдзар
Категория:
Новости и СМИ