114 азы адæмы пайдайæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

114 азы Дзæуджыхъæуы трамвайтæ сæ æфсæнвæндагыл ласынц адæмы. Уал азы депойы кусджытæ сæ дæсныйадыл афтæ æнувыд сты æмæ йæ зæрдиагæй кæнынц. Фæнды сæ, цæмæй транспорты ацы хуызыл йæ зæрдæ мачи сива. Дзæуджыхъæуы трамвайты депойы кусджытæ сæ зæрдæйы уаг нæ басусæг кодтой нæ уацхæссæгæн. 114 азы трамвайтæ згъорынц рельсытыл. Дзæуджыхъæуы трамвайтæ схонæн ис историйы æвдисæнтыл. Бирæ фæлварæнты сæрты ахызтысты, бирæ цаутæ федтой. Уæдæ республикæйы цæрджытæн та сæ уарзондæр транспорттæй иу у. Уый Дзæуджыхъæуы трамвайты службæйы кусджытæн уæлдай æхсызгон у, уымæн æмæ зæрдиагæй архайынц, транспорты ацы хуыз куыд цæра, ууыл. Зилынц трамвайтæм, ногæй-ногтæм сæ вынц. Алцыдæр цæрджыты удæнцойæн. Хуриев Казбек: «Раздæры, хъæдæрмæгæй конд вагонтæ ныры вагонтимæ абарæн дæр нæй. Хъæдын бадæныл куы *рбадай, уæд буары уазал ацæуы. Цалцæггæнæн куыстыты размæ хъыррызт дæр кодтой, дуæрттæ æмæ бадæнтæ дзой-дзой кодтой, ныр сыл цæуын æхсызгондæр у. Адæм дæр паддзахадон исбонадмæ хуыздæр цæстæй кæсын райдыдтой, кæд раздæр æвгтæ цъæл кодтой, алы ран дæр цъæрæмыхстытæ уыдысты, уæд ныр та уыцы уагхæлдтытæ нал бафиппайын, уымæн æмæ чидæр знаггад æрхæсдзæн, чидæр та йын бауайдзæф кæндзæн». Дзæуджыхъæуы 22 ис, уыдонæй 13 вагонмæ бындуронæй базылдысты. Фæлæ куыстытæ ууыл нæ фесты. Хæстæгдæр рæстæг ма ноджы 9 вагоны цæхæртæ скалдзысты. Æппæт куыстытæн гыццыл рæстæг нæ бахъæуы. Иу вагон сцалцæг кæныныл 3 мæйы фæархайынц. Куыстытæм биноныгæй æрæвналынц. уыимæ йæ æмбарынц, сæ куысты хæрзхъæддзинадæй адæмы æдасдзинад аразгæ у. Татьяна Маслова: «Фæнды мæ сымах базонгæ кæнын нæ зындгонд ретро-вагонимæ. Ацы вагоныл нæ горæты цæрджытæ æхсызгонæй фæцæуынц. Горæты администрацийы кусджытæ дæр дзы спайда кæнынц алыхуызон бæрæгбæтты рæстæг. Ацы ретро-вагон æртæ чындзæхсæвæн æвдисæн уыд, дæсгай гуырæнбоны дзы сбæрæг кодтой, уæдæ сабитæн дæр бæрæгбæттæ æхсызгонæй саразынц». Нæ горæты трамвайыл ацæуыны бон у алкæй бон дæр. Уазджытæ йыл уæлдай тынгдæр бацин кæнынц. Билеты аргъ дæр зынаргъ нæу. Тармвайты хæдзарады куджытæ саразынц акцитæ дæр. Зæгъæм, 1 сæнтябрьмæ уæлдай зæрдиагдæрæй фæцæттæ кæнынц, уый та уымæн æмæ уыцы рæстæджы агъоммæ скъоладзаутæн бацæттæ кæнынц, трамвайыл сын лæвар ацæуыны бар чи дæтты, ахæм мадзæлттæ. Афæдзы райдианæй абоны онг трамвайы лæггæдтæй спайда кодтой 2 милуан 359 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæй 600 мин адæймаджы уыдысты, лæвар кæй фæласынц, уыцы скъоладзаутæ. Цыддæриддæр ногдзинæдтæ фæзынынц трамвайты, уыдон бæлццæттæ бафиппайынц. Раст зæгъгæйæ сæ зæрдæмæ цæуынц. Раст зæгъгæйæ, цалцæггæнинаг канд трамвайтæ не сты,фæлæ ма рельсытæ дæр. Уыдонæн та сæ дæргъ 59 километры у. Нæ горæты администраци кусы фарста аиуварс кæныныл. Фæлæ æппæт куыстытæ уыцы иу рæстæг сæххæст кæнын къухы не фты. Уымæ гæсгæ сæ цадæггай кæнынц. Ныртæккæ кусынц Къостайы проспекты. vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

114 азы адæмы пайдайæн

Категория:

Новости и СМИ