Бæстæйы райдыдта "Холокосты амæттæгты мысæн къуыри"

Бæстæйы райдыдта "Холокосты амæттæгты мысæн къуыри". Æрвылазон акцийы архайы Цæгат Ирыстон дæр. Мысæн мадзæлттæ цæуынц Александр Печерскийы номыл Холокосты амæттæгты æмæ хъайтарты Мемориалон музейы. Æрвылбон дзы уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты студенттæн, скъоладзаутæн аразынц экскурситæ. Уыцы уæззау цауты тыххæй фæсивæдæн дзурынц музей хъахъхъæнæг Гергарт НАдель æмæ дзуттæгты æхсæнад "Шалом"-ы сæрдары хæдивæг Анатолий Харин. Холокосты амæттæгты къуыри Уæрæсейы ахæсдзæн январы кæронмæ. Уыцы бонтæ хуымæтæджы нæ равзæрстой. 27 январы 1945 азы Советон æфсад суæгъд кодта нацистты æппæты егъаудæр лагер Освенцим. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ уым фæмард 6 милуан адæймаджы онг. Сæ нæмттæ сын ссарын у мемориалон музейы сæйраг нысан.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
32 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии