637 абоненты сæ хæстæ бафыстой, цалынмæ сæ нæ алыг кодтой газы хызæгæй, уæдмæ
637 абоненты сæ хæстæ бафыстой, цалынмæ сæ нæ алыг кодтой газы хызæгæй, уæдмæ. Куыстуат «Газпром межрегионгаз Владикавказ» хæстæ баххæст кæнынæн арвыста 6 мин хъусынгæнинаджы. Æдæппæтæй хæс дарынц 117 милуан сомы. 6 мин абонентæй сæ фиддонтæ æххæстæй баххæст кодтой 637 пайдагæнæджы. 439 абоненты фæнд кæнынц хæс къæпхæнгай фидын. 8 милуан сомы хæс чи дары, уыцы 267 абонентмæ газ нал уадзынц. Цæмæй хæстæ рæзгæ нæ, фæлæ ма къаддæр дæр кæной, уый тыххæй сæ бæрнон кусджытæ архайынц реструктуризаци скæнын. Æххуысы къух бадарынц фæкæсинаг бинонтæм. Кæд адæймагæн йæ хæс æнæхъæнæй йæ бон нæу бафидын, уæд сын «Цæгаткавказэнерго» -йы кусджытæ фадат дæттынц, цæмæй йæ хайгай фидой. Уый тыххæй хъæуы æмбæлгæ бадзырд бафыссын æмæ уал хæсæн йе 30% бафидын. Афтæмæй хæсы иннæ хæйттæ фидгæйæ абонентæн йæ электрон тых ничи алыг кæндзæн, стæй йæм пъырыстыфтæ дæр нæ бацæудзысты. Ныртæккæ республикæйы ис, сæдæ мин сомæй фылдæр чи дары, ахæмтæ иу мин абонентæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
637 абоненты сæ хæстæ бафыстой, цалынмæ сæ нæ алыг кодтой газы хызæгæй, уæдмæ
Категория:
Новости и СМИ