Уæрæсейы сбæрæг кодтой хæдзæрттæ хаццоны исынмæ асламдæр кæм у, уый

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Снысан кодтой Уæрæсейы цæрынæн хæдзæрттæ хаццоны райсын асламдæр кæм у, уыцы номхыгъд. Афтæмæй, дзы фыццаг бынат бацахста Кировы облæст. Уым хæдзар æппæты асламдæр ис райсæн. 1 агъуыст кæм ис, ахæм фатеры хаццоны аргъ у 7 мины æмæ 652 сомы. 5 хатты зынаргъдæр сты фатертæ Мæскуыйы. Бæрæггæнæнтæ сбæлвырд кодта портал «Мир квартир» 76 регионы. Элитный, кæй хонынц, ахæм фатертæ дзы нæ нымадтой. Хаццоны æргътæ аслмадæр цы регионты сты, уыдоны ‘хсæн - Курск, Пензæ, Брянск, Псков, Кострома, Фæсбайакал æмæ Алтайы. Æмткæй райсгæйæ, сбæлвырд кодтой рæстæмбис нымæц - 13 мин сомы. Уый 1 агъуыст кæм ис, ахæм фатертæн. 2 агъуыстæн - 18 мин сомы, иу мæймæ. 3-йæн та - 25 мин сомы. Æнæуи, алы регионы дæр алыхуызон æргътæ ис. Диссаг нæ уыдзæн, нæ бæстæйы æппæты зынаргъдæр фатеры хаццон аргъ Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы, кæй у. Уыдоны фæстæ та цæуы Краснодары край. Уый та, специалистты хъуыдымæ гæсгæ, курортон горæт Сочи ногæй кæй рацарæзтой, уый тыххæй. Хаццоны аргъ дзы у 41 мины æмæ 427 сомы.  Дзæуджыхъæуы та, Мæскуыйаг æргътимæ абаргæйæ, ссарæн ис 3 фатеры. Уыимæ ма Новосибирскы, Волгограды, Воронежы, Самарæйы æмæ æндæр горæтты. Фатертæ хаццоны куыд исынц, афтæ сæ парахатæй уæй дæр кæнынц. Уыцы хыгъды дæр, Дзæуджыхъæу ахсы фыццаг бынæттæй иу. Фатертæ, дам, нæм балхæнынц 15 бонмæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæр ис, раздæр цы фатерты цардысты æмæ сæ дыккаг хатт чи уæй кæны, уыдоны ‘хсæн дæр. Ацы аз ма нæ республикæйы 6-11% фæасламдæр сты фатертæ- студитæ кæй хонынц, уыдон. Фатерты хаццоны рæстæмбис аргъ: 1 агъуыстимæ фатер - 13 000 2 агъуыстимæ фатер - 18 000 3 агъуыстимæ фатер - 25 000 _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæрæсейы сбæрæг кодтой хæдзæрттæ хаццоны исынмæ асламдæр кæм у, уый

Категория:

Новости и СМИ