Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыдысты Абайты Васойы номыл кæстытæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыдысты Абайты Васойы номыл кæстытæ. Æрныхас кодтой ирон æвзаджы фарстатыл, йæ райрæзтыл æмæ Кавказы адæмыхæттыты хъæздыг культурон бынтыл. Дзырдтой ма дзырдуæттæ электронон хуызмæ раивыны хъуыддагыл дæр. Конференцийы архайдтой студенттæ, мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ скъолатæй æмæ университетæй. Видеобастдзинады руаджы дзы бацархайдтой Уæрæсейы æмæ фæсарæнты ахуыргæндтæ Германийæ, Португалийæ, Иранæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Мадзал арæзт æрцæуы афæдз дыууæ хатты. Бабастой йæ зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы райгуырды 123 азы бонимæ.