Цæгат Кавказы æмæ Ираны `хсæн бастдзинæдтæ кæнынц хъомысджындæр.
Дыууæ бæстæйы минæвæрттæ æрныхас кæндзысты базарадон-экономикон ахастдзинæдтæ фæуæрæхдæр кæныныл. Уазджытæ абон æрцыдысты Дзæуджыхъæумæ, фысымтæ сæ ахуыдтой ирон аивады концертмæ. Райсом та Ираны æмæ Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ æрæмбырд уыдзысты сæрмагонд конференцийы. Бæрнон адæймæгтæ се `ргом тынгдæр аздахдзысты транспорты, хъæууон хæдзарады æмæ базарад райрæзын кæныны фарстатæм. Астæуккаг Азийы амалхъом адæймæгтæ фембæлдзысты Цæгат Кавказы бизнесментимæ. Куыд пълан кæнынц, афтæмæй дзы бафысдзысты æмгуыстады бадзырдтæ. Форум ахæсдзæн дыууæ боны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæгат Кавказы æмæ Ираны `хсæн бастдзинæдтæ кæнынц хъомысджындæр.
Категория:
Новости и СМИ