Црайуаг кæрдотæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Кæддæр Цæгат Ирыстоныл æмæ æгас Уæрæсейыл цы кæрдоты кой айхъуыст, уыдоны ныр дæр сæ адæй дисы æфтауынц. Ацы дыргъты мыггаг сæфт не `рцыд. Уый нæ, фæлæ ма йæ фæстаг азты парахат кæнын райдыдтой. Црайуаг фермер дыргъдæтты ног комулæфт бауагъта. Фарон ныссагъта 2 мины æмæ фондз сæдæ талайы. Ацы аз та дзæвгар фылдæр. Уæдæ йын ног фадæттæ дæр фæзынд. Цавæртæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Сопойты Эльбрус куыд зæгъы, афтæмæй, адæймаг цы куыст кæны, уый, æнæмæнг, хъуамæ уарза. Кæддæр йæ зæрдæмæ нывкæнынад арф айста, фæлæ равзæрста юристы дæсныйад. Ныр та йæ цард снывонд кодта хъæууон-хæдзарадæн. Фæнды йæ Црайуаг кæрдоты мыггаг сног кæнын. Йæ куыстыл æнувыд кæй у, уый тыххæй талатæм дæр иттæг хорз зилы. Кæддæр æппæт Цæгат Ирыстоныл æмæ Уæрæсейыл цы алагираг кæрдоты кой айхъуыст, уыдон ныр дæр се ппæты дисы æфтауынц. Раздæры азты Црауы дыргъдæттæ æппæт районы цæрджыты бæркадыл æфтыдтой. Фæлæ паддзахады царды уаг куы аивта, уæд дыргъдæттæ дæр заууатмæ æрцыдысты. Фæлæ Сопойты Эльбрус æмæ нæ республикæйы иннæ фермертæ архайынц уыцы зындгонд кæрдоты хуыз ногæй апарахат кæныныл. Зæгъын хъæуы, уый æмæ Уæлладжыры комы кæрдотæн ма ис дыккаг ном - хонынц ма сæ Сер Жермен. Уæвгæ, у французаг кæрдо. Цæгат Ирыстонмæ йæ 19 æнусы сластой бельгийæгтæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ французаг нал у. Уыимæ ма специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дыргъы мыггаг Алагиры хуыздæр рæзы. Дыргътæ та Европæйаг кæрдотæй хæрзаддæр æмæ адджындæр сты. Фæлæ тынг буц æмæ уарзæгой - алы æрдзон уавæртæ йын нæ бæззынц. Алы ран не рзайдзæн æмæ дыргъ нæ дæтдзæн. Фарон Эльбрус 2500 талайы æрзайын кодта. Йæ хорз куыст зонгæйæ, республикæйы хъæууон-хæдзарады министрад йемæ æмгуыст кæнын райдыдта ис сæм иумæйаг фæндон - алагираг кæрдоты дыргъдæттæ сног кæнын. Фидæны сæ дыргъдæттæй фæнды нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæттæ, ахæмтæ скæнын. Ома, тагъд чи рæзы æмæ цыбыр рæстæгмæ тыллæг чи дæтты, ахæм бæлæстæ садзын. Цы ног технологитæй пайда кæнынц, уымæ гæсгæ саддзысты ныллæг бæлæстæ дæр. Уый та уымæн æмæ сæм зилын дæр æнцондæр у. Тыллæг дæр хорз дæттынц. Иу гектарыл ныссадзæн вæййы 800 ныллæг бæласы онг. Министрады баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой. Хъæууон-хæдзарады министрад йæ бон куыд у, афтæ баххуыс кæндзæн фермертæн, цæмæй нæм хæстæгдæр рæстæджы сног кæной алагираг кæрдоты мыггаг. Æххуыс хъуаг нал сты. Уыимæ Црайуаг кæрдоты мыггаг сног кæнынмæ бынтон разæнгарддæрæй æрæвнæлдтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Црайуаг кæрдотæ

Категория:

Новости и СМИ