Дзанайты Барис фембæлд Мæскуыйы студенттимæ
Уæрæсейы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис фембæлд Мæскуйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты фыццаг курсы студенттимæ. Уый фæсивæдæн ракодта арфæ, сæ царды ног къæпхæн кæй райдыдта, уый фæдыл. Суинаг специалисттæн радзырдта сæ ног гæнæнты тыххæй. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы хъæуы фæлтæрдджын специалисттæ. Уымæ гæсгæ æрыгон адæмæн бакæндзысты хъæугæ æххуыс сæ ахуыры рæстæг. Республикæйы минаварад Мæскуыйы Цæгат Ирыстонæй рацæугæ студенттæн, гæнæн ис æмæ, суа сæ дыккаг хæдзар. Се ’мзæххонтæ цæттæ сты баххуыс кæнынмæ, цæмæй фæсивæд кæрæдзийы `хсæн хæларæй цæрой. Аразой фембæлдыдтæ. Уый тыххæй цалдæр азы размæ сарæзтой фæсивæдон минæварад. Мадзалы ма архайдта Сыгдæг Мады Майрæмы райгуырды аргъуаны разамонæг Вячеслав Джейранов. Уый куыд бафиппайдта, афтæмæй аргъуаны дуæрттæ фæсивæдæн кæдфæндыдæр гом сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзанайты Барис фембæлд Мæскуыйы студенттимæ
Категория:
Новости и СМИ