Сывæллæтты цæстфæлдахджыты митæй бахъахъхъæныны нысанимæ Цæгат Ирыстоны скъолаты арæзт цæуы сæрмагон
Интернет канд æмбæлгæ информаци базоныны фæрæз нæу, арæх ма свæййы фыдракæнд саразыны фæзуат. Сывæллæтты цæстфæлдахджыты митæй бахъахъхъæныны нысанимæ Цæгат Ирыстоны скъолаты арæзт цæуы сæрмагонд мадзал - "Цифровой ликбез", зæгъгæ. Ацы хатт урок цыд гимназ "Диалог"-ы. Скъоладзаутæн интернеты æдасдзинады тыххæй радзырдта Цæгат Ирыстоны нымæцон райрæзты комитеты æдасдзинады хайады хицау Къуыллыты Алан. Хуымæтæг дæнцæгты хуызы сывæллæттæн бамбарын кодта куыд ахсджиаг у хи тыххæй информаци хъахъхъæнын, базонгæ сæ кодта тæссаг сайтты æууæлтимæ. Хистæркъласонтæ сæхæдæг дæр радзырдтой сæ архайды тыххæй интернеты. Æдæппæтæй урокы архайдтой 500 сывæллонæй фылдæр. Æппæтуæрæсеон мадзал "Цифровой ликбез"арæзт цæуы национ проект "Цифровая экономика"-йы фæлгæты. Йæ сæрйаг хæс у ацы къабазы бындурон зонындзинæдтæ парахат кæнын фæсивæды 'хсæн.