Цы ныссадзай...

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дыгуры районы зæхкусджытæ ацы аз уæлдай бæркадджын тыллæг систой. Фæстаг 10 азы сæ æрдз афтæ фыццаг хатт барæвдыдта. Æрмæст боныхъæд сын не `ххуыс кæны. Ис ма сæм ног техникæ дæр. Уый руаджы сæ тыллæг уæлдай тагъддæр бафснайдзысты. Зæхкусджытимæ фембæлд нæ уацхæссæг. Базыдта хъæздыг тыллæг æрзайын кæныны сусæгдзинæдтæ. Сойæ, картоф, нартхор... Ацы аз Дыгуры районæн бæркадджын рауад, бахæлæг кæнæн æм ис. Фæлæ хъæууон хæдзарады кусджытæ тынгдæр æндæр хъуыддагыл цин кæнынц. Тыллæг афонæй мæй раздæр æфснайын райдыдтой. Зæхкусджыты ныхæстæм гæсгæ, боныхъæд иттæг хорз уыд. Æрдз сæ ницæмæй бахъыгдæрдта. Нæдæр сæ их ныххоста, нæдæр сыл хуры зынг нæ сæмбæлд. Фæстаг хатт ахæм бæркадджын афæдз 10 азы размæ уыд. Фæстаг къуыримæ комбайнтæ бафснайдтой 400 гектары. Зæхкусджытæн стыр æххуыс сты нырыккон 2 тракторы. Сæ цæлхытæ уæрæх кæй сты, уый дæр хорзыл нымайынц - зæхх æгæр тынг нæ ныннæмынц. Афтæмæй йæ æнцондæрæй бахуым кæнынц. Раздæр-иу трактортæн хатгай сæ куыст баурæдтой, цалынмæ быдырты тыллæг гуыффæмæ сæвгæной, уæдмæ. Фæлæ ныр ног тракторты хъомыс афтæ у, æмæ кусынц æнæрлæугæйæ. Дыгуры районы фæнд кæнынц куыстытæ октябры кæронмæ фæуын. Уый фæстæ та сæ хъæздыг тыллæг бахаудзæн æрмæст нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм нæ, фæлæ йæ аласдзысты иннæ регионтæм дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Цы ныссадзай...

Категория:

Новости и СМИ