Чи дидинæг калы, чи та зæххыл баззад
Бæлæстæ дидинæг калынц, фæлæ се ппæт нæ. Лыг къалиуты обæуттæм кæсгæйæ, адæмы зæрдæтæ сриссынц. Уалдзыгон рæсугъддзинад сыл æппындæр нæ фæзынд. Уый нæ, фæлæ йæхицæн зын чи нæ кæны, уыцы адæм дæр ма сыл сæ быроны дзæкъултæ баппарынц. Афтæмæй та цы рауайы?! Иуæй сæрмагонд службæтæ сыгъдæг æмæ æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнынц. Иннæмæй та кæй сыгъдæг кæнынц, уыцы бæлæсты къалиутæй бырондæттæ равзæры. Уалдзæг ралæууыд æмæ уынгты бæлæсты къалийтæ зæххæ бамбæрзтой. Нæ, нæ ницы æрдзон фыдбылыз æрцыд. Кæд бакастæй афтæ зыны, уæддæр. Хъуыддаг афтæ у æмæ сæрмагонд службæтæ кæнынц уалдзыгон, бæлæсты къалийтæ лыггæнæн куыстытæ. Алы службæйæн дæр ис йæхи хæстæ. Бæлæстимæ ахæм куыст кæй кæнынц, уый дæр хорз у. Фæлæ сæ фæстæ фистæгцæуджыты æмæ фæндæгты алыварс къалиутæй обæуттæ кæй ныууадзынц, уый цæрджыты зæрдæмæ нæ цæуы. Æмæ сæ бамбарæн дæр ис. Адæм цъиутæ не сты, сæ сæрты атæхын сæ бон нæу, фæндагыл та къалиутæй ацæуæн нæй. Уæвгæ, адæм ахæм куыстытæ растыл нымайынц. Хъæуынц. Фæлæ сæ фæстæ райыд цалдæр къуырийы, кæй алыг кодтой, уыцы къалиутæ та, раздæрау сæ бынæтты. Ласæг сæ нæй. Ам та фæзыны дыккаг фарста дæр - æдзæсгом æмæ зивæггæнаг адæм сæхæцæн зын нæ кæнгæйæ, сæ бырон баппарынц къалиуты обæуттæм. Афтæмæй сæ бырондæттæ рауайы. Æмбырд сыл кæнынц куыйтæ дæр. Бæлæсты сæртæ лыг кæныны хъуыддæгтæ кæнынц Дзæуджыхъæуы администрацийы аивдзинады æмæ цъæх фæлысты управлени æмæ «Севкавказæнерго». Сæ куысты нысан алыхуызон - фæстиуджытæ иухуызон. Фæлæ Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбарын кæнынц - ныртæккæ горæты уынгты цы уавæр сæвзæрд æмæ цы бæлæсты къалиутæ хъыгдарынц адæмы, уым аххосджын энергетиктæ сты. Уавæр æнæзонгæ нæу «Севкавказэнерго»-йы дæр. Фидарæй зæгъынц - хæстæгдæр рæстæг хъуыддаг банывыл кæндзысты. Уæдмæ та уал горæты цæрджытæй чи æнхъæлмæ кæсы, чи та йæхæдæр æфснайы йæ хæдзары алыварс. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи дидинæг калы, чи та зæххыл баззад
Категория:
Новости и СМИ